https://sputnik-ossetia.com/20230416/kotsoyty-arsen-uatsaut-fyndds-azy-22424857.html
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. ФЫНДДÆС АЗЫ
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. ФЫНДДÆС АЗЫ
Хъæугæрон хибарæй лæууыди куырой, Далойты Хъæвдыны куырой. 16.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-16T12:10+0300
2023-04-16T12:10+0300
2023-04-16T12:10+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/07/22424652_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_3d1aa5c47c39f1ee0b85433d2d32ac27.png
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. ФЫНДДÆС АЗЫ
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. ФЫНДДÆС АЗЫ
Хъæугæрон хибарæй лæууыди куырой, Далойты Хъæвдыны куырой.Хъæубæсты куырæйттæ бирæ уыди, фæлæ адæм сæ хор ссынмæ арæхдæр ластой Хъæвдыны куыроймæ. Уым хор нæ давтой, уым афойнадыл куыст æххæст кодтой, уым мызд иннæ куырæйттæй къаддæр истой.Хъæвдын æрбадти куыройы фондз æмæ ссæдзазыккон лæппуйæ.Уæдæй фæстæмæ уый нал цыди хъазтмæ, нал цыди ныхасмæ, цыма адæмы æхсæнмæ цæуыныл сомы бакодта, уый хуызæн йæхи дардта.Куыстæй-иу æй куы равдæлди, куроймæ хæстæг-иу адæмæй куы ничи уыди, уæд-иу рацыди Хъæвдын æмæ-иу, сæр риуыл æруадзгæйæ, къухтæ фæсонтыл сæвæргæйæ, доны былтыл рацу-бацу кодта. Кæнæ-иу лæууыдаид, æнæзмæлгæйæ, сахат, дыууæ сахаты æмæ фылдæр.Куыроймæ цæуæг адæмæй-иу исчи исты æнæхъуаджы ныхас куы райдыдтаид, уæд-иу Хъæвдын йæхи азылдта, аиуварс кодта...Цы кодта Хъæвдын? Цы мæстæй тайы йæ сæрымагъз? Цы хъыгдзинадæй судзы йæ зæрдæ?
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/07/22424652_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_8037b059c78b05de6569cf7570dd7cee.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Хъæугæрон хибарæй лæууыди куырой, Далойты Хъæвдыны куырой.
Хъæубæсты куырæйттæ бирæ уыди, фæлæ адæм сæ хор ссынмæ арæхдæр ластой Хъæвдыны куыроймæ. Уым хор нæ давтой, уым афойнадыл куыст æххæст кодтой, уым мызд иннæ куырæйттæй къаддæр истой.
Хъæвдын æрбадти куыройы фондз æмæ ссæдзазыккон лæппуйæ.
Уæдæй фæстæмæ уый нал цыди хъазтмæ, нал цыди ныхасмæ, цыма адæмы æхсæнмæ цæуыныл сомы бакодта, уый хуызæн йæхи дардта.
Куыстæй-иу æй куы равдæлди, куроймæ хæстæг-иу адæмæй куы ничи уыди, уæд-иу рацыди Хъæвдын æмæ-иу, сæр риуыл æруадзгæйæ, къухтæ фæсонтыл сæвæргæйæ, доны былтыл рацу-бацу кодта. Кæнæ-иу лæууыдаид, æнæзмæлгæйæ, сахат, дыууæ сахаты æмæ фылдæр.
Куыроймæ цæуæг адæмæй-иу исчи исты æнæхъуаджы ныхас куы райдыдтаид, уæд-иу Хъæвдын йæхи азылдта, аиуварс кодта...
Цы кодта Хъæвдын? Цы мæстæй тайы йæ сæрымагъз? Цы хъыгдзинадæй судзы йæ зæрдæ?