https://sputnik-ossetia.com/20230417/kotsoyty-arsen-uatsaut-sumraysom-22425186.html
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. СÆУМÆРАЙСОМ
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. СÆУМÆРАЙСОМ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ зæрдæ райсом раджы, хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин кæны дидинæгджын быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй. 17.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-17T14:46+0300
2023-04-17T14:46+0300
2023-04-17T14:46+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/07/22425018_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_cb4c800936ccc71f71ad4321d6ffba80.png
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. СÆУМÆРАЙСОМ
Sputnik Хуссар Ирыстон
КОЦОЙТЫ АРСЕН. УАЦАУТÆ. СÆУМÆРАЙСОМ
Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ зæрдæ райсом раджы, хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин кæны дидинæгджын быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй.— Хуыцауты Хуыцау, фæцыбыр мын кæн мæ бонтæ, — афтæ арæх фæкувы хинымæры Таймураз.Фондз азы рацыди уæдæй, йæ хистæр фырт Къуындзих куы нал ис.Фæлæ Таймураз æрмæст ууыл нæ хъыг кæны, йæ фырт кæй амарди — мæлгæ адæм иууылдæр кæнынц — хъыг кæны, æрдиаг кæны Таймураз ууыл, йæ фырт искæй къухæй кæй фæмардис, æмæ йæ туг ист кæй нæма у.Сыстадысты хъæубæсты хорз лæгтæ, хъæубæсты цытджын зæрæдтæ. Загътой: "Æнæбафидаугæ нал ис Биганатæ æмæ Куыдзитæн!"Дыууæ мыггаджы разы кæнын байдыдтой фидауыныл, æхсæны лæгтæ та фидыды æгъдауыл, фидыды æмгъуыдыл хъуыды кæнын байдыдтой...Уыди æнцад сæрдыгон изæр. Рог ирдгæ цъитиджын хæхтæй дымдта. Мæй цæлхыдзагæй сцæйбырыди къæдзæхты æдде, сырх-сырхид, цыма, чындзау, истæмæй сæфсæрмы ис, кæнæ та æнхъизгæ бæгæны хъæзын къусæй фæнозта. Ныхасы бæлæстæн сæ иуварс рухсгæнгæ æрцыди цъуппытæй зæххы ’рдæм. Бæлæсты бын куы барухс ис, уæд дзы раргом ис: бадынц ма уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/07/22425018_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_0153ffa0bc51cf3f95b08c6a05bda7d7.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Бафæллади, стыхсти Таймураз йæ цардæй. Нал рухс кæны йæ зæрдæ райсом раджы, хуры фæзындмæ кæсгæйæ. Нал цин кæны дидинæгджын быдырты æмæ цъитиджын хæхты уындæй.
— Хуыцауты Хуыцау, фæцыбыр мын кæн мæ бонтæ, — афтæ арæх фæкувы хинымæры Таймураз.
Фондз азы рацыди уæдæй, йæ хистæр фырт Къуындзих куы нал ис.
Фæлæ Таймураз æрмæст ууыл нæ хъыг кæны, йæ фырт кæй амарди — мæлгæ адæм иууылдæр кæнынц — хъыг кæны, æрдиаг кæны Таймураз ууыл, йæ фырт искæй къухæй кæй фæмардис, æмæ йæ туг ист кæй нæма у.
Сыстадысты хъæубæсты хорз лæгтæ, хъæубæсты цытджын зæрæдтæ. Загътой: "Æнæбафидаугæ нал ис Биганатæ æмæ Куыдзитæн!"
Дыууæ мыггаджы разы кæнын байдыдтой фидауыныл, æхсæны лæгтæ та фидыды æгъдауыл, фидыды æмгъуыдыл хъуыды кæнын байдыдтой...
Уыди æнцад сæрдыгон изæр. Рог ирдгæ цъитиджын хæхтæй дымдта. Мæй цæлхыдзагæй сцæйбырыди къæдзæхты æдде, сырх-сырхид, цыма, чындзау, истæмæй сæфсæрмы ис, кæнæ та æнхъизгæ бæгæны хъæзын къусæй фæнозта. Ныхасы бæлæстæн сæ иуварс рухсгæнгæ æрцыди цъуппытæй зæххы ’рдæм. Бæлæсты бын куы барухс ис, уæд дзы раргом ис: бадынц ма уæлæсыхы лæгтæ бæлæсты бын.