Хуссар Иры нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдарӕй ногӕй равзӕрстой Битеты Аланы

© Из личного архива Алана Битиева Хуссар Иры нывгӕнджыты цӕдис сӕрдарӕй ногӕй равзӕрстой Битеты Аланы
Хуссар Иры нывгӕнджыты цӕдис сӕрдарӕй ногӕй равзӕрстой Битеты Аланы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты цӕдис равзӕрста фӕлхатӕй баиугонды хистӕрӕй Битеты Аланы. Сфӕлдыстадон баиугонды хистӕр ӕвзӕрст цӕуы нывгӕнджыты иумӕйаг ӕмбырды рӕстӕджы ӕртӕ азы ӕмгъуыдмӕ.
Ацы бынаты 2021 азӕй фӕстӕмӕ куыста Битеты Алан, уымӕй размӕ та цӕдис уыд адӕмон нывгӕнӕг Цхуырбаты Тамерланы бӕрны.
"Иумӕйаг хъӕлӕсӕппӕрстӕй мӕ кандидатурӕ фидар ӕрцыд ацы бынатмӕ. Ацы бынатыл мӕ хӕсыл нымайын нывгӕнӕн аивады размӕцыд ӕмӕ равдыстон архайд, ныфс нӕ ис, нӕ аивад фӕсарӕнты равдисыны фадӕттӕ дӕр кӕй уыдзӕн", - загъта Битеты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, архайдзӕн цӕмӕй нывгӕнджытӕ райсой паддзахадон заказ. Уый ма бафиппайдта ӕввахс рӕстӕджы хъавынц ауадзын уалдзыгон равдыст.
Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты цӕдисы сконды ис ӕхсӕз Адӕмон нывгӕнӕджы, иу адӕмон ахуыргӕнӕг ӕмӕ 17 сгуыхт нывгӕнӕджы. Ноджы ма фондзӕй та бадӕттой куырдиӕттӕ цӕдисы скондмӕ бацӕуынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0