https://sputnik-ossetia.com/20230419/khussar-iry-tsy-kalmyta-tsarynts-uydon-anakhkhosay-na-byrsynts-adamma---gabaty-vladimir-22681781.html
Хуссар Иры цы кӕлмытӕ цӕрынц, уыдон ӕнаххосӕй нӕ бырсынц адӕммӕ - Габаты Владимир
Хуссар Иры цы кӕлмытӕ цӕрынц, уыдон ӕнаххосӕй нӕ бырсынц адӕммӕ - Габаты Владимир
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны территорийыл цӕры калмы авд хуызы, уыдон се ппӕт дӕр не сты агрессивон ӕмӕ адӕммыл ӕнаххосӕй нӕ... 19.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-19T10:21+0300
2023-04-19T10:21+0300
2023-04-19T10:40+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/01/13/11694633_0:0:2048:1153_1920x0_80_0_0_20140ace38dad002d712badcb5183d60.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны территорийыл цӕры калмы авд хуызы, уыдон се ппӕт дӕр не сты агрессивон ӕмӕ адӕммыл ӕнаххосӕй нӕ хӕцынц, радзырдта Sputnik бӕстӕзонӕг, биолог Габаты Владимир. Ивгъуыд къуыри егъау калмыл фембӕлдысты Цхинвалы сабидӕттӕй иуы раз. Фарон та Мамсырайы фырты уынджы цӕрджытӕ фӕдзырдтой ирвӕзынгӕнджытӕм, цӕмӕй сын сӕ подъездӕй райсой бырӕджы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт цӕры калмы авд хуызы. "Ис нӕм ӕнӕхъӕстӕ калмы ӕртӕ хуызы, дыууӕ та хъӕстӕтӕ (гадюка). Стӕй ма медянка, уый дӕр у хъӕстӕты мыггаг, фӕлӕ уый адӕймагӕн ницы тас у. Ӕвдӕм хуыз у Европӕйы иууыл стырдӕр бырӕг - сырхгуыбын бырӕг", - банысан кодта биолог.Специалист ма номдзыд уӕрӕсейӕг ахуыргонд Борис Тунеевы ныхӕстыл ӕyцойгӕнгӕ банысан кодта, мӕнг кӕй у ахӕм хъуыды ома хъӕстӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕстӕ бырӕгтӕ схӕццӕ сты ӕмӕ ныр иууылдӕр сты тӕссаг. "Уый гӕнӕн нӕй, сӕ буары сконд у хицӕн ӕмӕ сын иумӕйаг цот кӕнӕн нӕй", - бахахх кодта уый. Габаты Владимир бамбарын кодта, медянка дӕр кӕд у хъӕстӕ, уӕддӕр йӕ зианхӕссӕг дӕндаг разӕй нӕй, фӕлӕ мидӕгӕй, уымӕ гӕсгӕ адӕймагыл куы фӕхӕца, уӕддӕр йӕ марг адӕймӕгмӕ нӕ фӕхӕццӕ уыдзӕн. Уый ма бафиппайдта, йӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны калмы хӕстӕй ничи амард.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/01/13/11694633_0:0:2048:1536_1920x0_80_0_0_f473fb8039844300fb25d1fcdcf14852.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ӕхсӕнад
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны территорийыл цӕры калмы авд хуызы, уыдон се ппӕт дӕр не сты агрессивон ӕмӕ адӕммыл ӕнаххосӕй нӕ хӕцынц, радзырдта Sputnik бӕстӕзонӕг, биолог Габаты Владимир.
Ивгъуыд къуыри егъау калмыл фембӕлдысты Цхинвалы сабидӕттӕй иуы раз. Фарон та Мамсырайы фырты уынджы цӕрджытӕ фӕдзырдтой ирвӕзынгӕнджытӕм, цӕмӕй сын сӕ подъездӕй райсой бырӕджы.
"Бырӕгӕн йӕ дымӕг цъусгай куы лыстӕг кӕна, уӕд уый у ӕнӕхъӕстӕ калмы нысан, хъӕстӕтӕн сӕ дымӕг цыма лыг у, ахӕм вӕййы", - загъта Габаты Владимир.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт цӕры калмы авд хуызы.
"Ис нӕм ӕнӕхъӕстӕ калмы ӕртӕ хуызы, дыууӕ та хъӕстӕтӕ (гадюка). Стӕй ма медянка, уый дӕр у хъӕстӕты мыггаг, фӕлӕ уый адӕймагӕн ницы тас у. Ӕвдӕм хуыз у Европӕйы иууыл стырдӕр бырӕг - сырхгуыбын бырӕг", - банысан кодта биолог.
Специалист ма номдзыд уӕрӕсейӕг ахуыргонд Борис Тунеевы ныхӕстыл ӕyцойгӕнгӕ банысан кодта, мӕнг кӕй у ахӕм хъуыды ома хъӕстӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕстӕ бырӕгтӕ схӕццӕ сты ӕмӕ ныр иууылдӕр сты тӕссаг.
"Уый гӕнӕн нӕй, сӕ буары сконд у хицӕн ӕмӕ сын иумӕйаг цот кӕнӕн нӕй", - бахахх кодта уый.
Габаты Владимир бамбарын кодта, медянка дӕр кӕд у хъӕстӕ, уӕддӕр йӕ зианхӕссӕг дӕндаг разӕй нӕй, фӕлӕ мидӕгӕй, уымӕ гӕсгӕ адӕймагыл куы фӕхӕца, уӕддӕр йӕ марг адӕймӕгмӕ нӕ фӕхӕццӕ уыдзӕн.
Уый ма бафиппайдта, йӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны калмы хӕстӕй ничи амард.