Хуссар Иры сæйраг гид: фыццаг туристтæм æнхъæлмæ кæсæм апрелы

CC0 / Hermann / Хуссар Ирыстоны сæйраг гид: фыццаг туристтæм æнхъæлмæ кæсынц апрелы
Хуссар Ирыстоны сæйраг гид: фыццаг туристтæм æнхъæлмæ кæсынц апрелы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны байгом ног туристон сезон. Куыд радзырдта Sputnik гид-экскурсовод Карсанты Гурам, ацы аз фыццаг туристтæ æрцæудзысты апрелы мæйы.

"Хуссар Ирыстоны апрелы æмæ майы бæрæгбонтæм байгом уыдзæн туристон сезон. Туристтæ цæудзысты октябры онг. Фæлæ хъæуы банысан кæнын, туроператортæ никуы банысан кæнынц сезон æхгæдæй, æрвылазон у. Январы дæр нæм æрцæуынц уазджытæ. Куыст æрæнцайы æрмæстдæр февралы фæндаджы тыххæй", - радзырдта гид.

Фарон, Карсанты Гурамы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстонмæ æрцыд фондз минмæ æввахс туристы. Уыдон-иу æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ алыхуызон туроператорты фæрцы. Ацы аз экскурсоводтæм ис ноджы фылдæр туристтæ æрцæуыны ныфс.
Ног хабӕртты лентӕ
0