Куыд ӕххуыс кӕны тагъд ӕххуысы службӕ калмы хӕсты рӕстӕджы - дохтыр

© Sputnik / Ада БагианТагъд ӕххуысы службӕ
Тагъд ӕххуысы службӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Калмы хӕсты рӕстӕджы адӕймагӕн фыццаг ӕххуыс бакӕныны рекомендацитӕ цӕхгӕр фӕивтой, ныр дохтыртӕ домынц зыанбаййафӕджы ӕрулӕфын кӕнын, ӕмӕ хӕсты бынат ма змӕлын кӕнын, фехъусын кодта Sputnik Тагъд ӕххуысы службӕйы дохтыр Джергаты Мария.
"Ног рекомендацитӕм гӕсгӕ жгутӕй бабӕттын, марг ранцъирын ӕмӕ хӕсты бынат басудзын сты тобӕгонд. Ныр домынц, цӕмӕй фӕндагыл ласыны рӕстӕджы хӕсты бынат бынтон ма змӕла, хӕсты бынат ныссӕрфын антисептикӕй, гормонтӕй. Аллергияйы хос дӕр радтӕм ӕмӕ йӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм рынчындонмӕ", - загъта дохтыр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тагъд ӕххуысы бригадӕтӕм ис калмы хӕсты ныхмӕ хос. "Уый ӕххуыс кӕны Хуссар Ирыстоны цы кӕлмытӕ цӕры, уыдон ныхмӕ. Кӕд дӕрддзӕф хъӕуӕй вӕййы сидт, уӕд йын бынаты саразӕм хос, науӕд та йӕ ракӕнӕм рынчындонмӕ", - бафтыдта уый.
Джергаты Мария бафиппайдта, фӕстаг хатт ма сӕм ахӕм сидт уыд иу азы размӕ Цъунары хъӕуӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0