Меняйло: Мадæлон æвзаг райрæзын кæнæн нæй æнæ Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстадæй

© Sputnik / Natalia AiriyanТырыса
Тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 апр – Sputnik, Козаты Диана. Ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ райрæзын кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæуæг у системон куыст сорганизаци кæнын. Ахæм куыст æнæ æнгом æмгуыстадæй Хуссар Ирыстонимæ нæ сæххæст уыдзæн, радзырдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло
Æртыццæджы уый ралæууыд æрвылазон докладимæ республикæйы социалон-экономикон райрæзты здæхтытыл, уыдоны ᾿хсæн егъау бынат ис мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ райрæзынæн.
Уый банысан кодта ЦИПУ-имæ кæй бафыстæуыд бадзырд ДМИ журналисттон кадртæ бацæттæ кæнын, ирон æвзагыл чи кусы, ахæмты, афтæ ма Цæгат Ирыстоны æрвылаз цæуы скъаладзауты ᾿хсæн республикон конкурс-фæлгаст.
"Мах аразæм ирон æвзаджы центр, кæцыйы сараздзыстæм уавæртæ ахуырадæн, зонадон куыстæн, ног фæлтæрæн ахуырадон чингуытæ саразынæн ирон æвзагыл", - загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг.
Сергей Меняйло бафтыдта, ацы куыстмæ кæй хъæуы æрбамбал кæнын ирон æмбæстагадтæ æмæ диаспорæты Уæрæсейы æндæр регионтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0