https://sputnik-ossetia.com/20230420/rdyd-22696949.html
РÆДЫД
РÆДЫД
Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цымæ цæмæн атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ? Тæккæ æрæджы мын комкоммæ куы раргом кодта йæ уарзондзинад, куы мын фехъусын кодта йæ фæндон, мæн Уырысбийы йеддæмæ ничи... 20.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-20T12:41+0300
2023-04-20T12:41+0300
2023-04-20T12:41+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/13/22696764_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_2208ba54b9b7b72a06896fe981e6d158.png
РÆДЫД
Sputnik Хуссар Ирыстон
РÆДЫД
"Цымæ цæмæн атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ? Тæккæ æрæджы мын комкоммæ куы раргом кодта йæ уарзондзинад, куы мын фехъусын кодта йæ фæндон, мæн Уырысбийы йеддæмæ ничи хъæуы, зæгъгæ, уæд ыл ныр цы æрцыди?"Афтæ Уырысби æгас къуыри хъуыдытæ кодта.Æхсæв æй хуыссæг нал ахста, бон та куыстмæ йæ къух рæвдз нал уыди. Быдыры, Ныхасы, хæдзары — алыран дæр йæ сæрæй цух нал кодтой ацы дзырдтæ:"Цæмæн?.. Уæддæр мæм цæмæн атигъ кодта йæхи?"Уырысби уыди фондз æмæ ссæдзазыккон бæзæрхыг лæппу. Йæ цæсгомыл иугай хæбуздзыхъхъытæ уыди, фæлæ йæ уыдон фыдуынд, мыййаг, нæ кодтой. Хъуыдинæ афтæ загъта йæ хистæр хойæн:— Чи зоны, уыцы хæбуздзыхъхъытæ йыл куы нæ уыдаид, уæд æз Уырысбийы нæ бауарзтаин.Фæлæ, æвæццæгæн, æрмæст хæбуздзыхъхъыты аххос нæ уыди уый. Хъæубæсты дзырдтой:— Хъаруджын лæппу у Уырысби, бонзонгæ, сабыр, куыстуарзаг.Ахæм ныхæстæ дæр, æвæццæгæн, уадысты Хъуыдинæйы хъустыл. Афтæ уыди, æндæрхуызæн уыди, уæддæр Хъуыдинæйы зæрдæйы ахаст æддæмæ бæрæг кæнын байдыдта. Дардмæ куы уыдта Уырысбийы, уæддæр-иу хурау ныррухс ис йæ цæсгом. Стæй йæ лæппу куы бафæрсын кодта, уæд уый загъта:— Сдзур, сразы уыдзынæн...Фæлæ ныр æгас къуыри Хъуыдинæ Уырысбийы уындæй йæхи хизын байдыдта, уымæй æмбарын кодта лæппуйæн: "Æз дæуæн къайаг нал дæн".Уырысби адæргæй цы ракодтаид, уый нæ зыдта.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/13/22696764_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_d8894676ebfac0197aed128b53448551.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
"Цымæ цæмæн атигъ кодта йæхи Хъуыдинæ? Тæккæ æрæджы мын комкоммæ куы раргом кодта йæ уарзондзинад, куы мын фехъусын кодта йæ фæндон, мæн Уырысбийы йеддæмæ ничи хъæуы, зæгъгæ, уæд ыл ныр цы æрцыди?"
Афтæ Уырысби æгас къуыри хъуыдытæ кодта.
Æхсæв æй хуыссæг нал ахста, бон та куыстмæ йæ къух рæвдз нал уыди. Быдыры, Ныхасы, хæдзары — алыран дæр йæ сæрæй цух нал кодтой ацы дзырдтæ:
"Цæмæн?.. Уæддæр мæм цæмæн атигъ кодта йæхи?"
Уырысби уыди фондз æмæ ссæдзазыккон бæзæрхыг лæппу. Йæ цæсгомыл иугай хæбуздзыхъхъытæ уыди, фæлæ йæ уыдон фыдуынд, мыййаг, нæ кодтой. Хъуыдинæ афтæ загъта йæ хистæр хойæн:
— Чи зоны, уыцы хæбуздзыхъхъытæ йыл куы нæ уыдаид, уæд æз Уырысбийы нæ бауарзтаин.
Фæлæ, æвæццæгæн, æрмæст хæбуздзыхъхъыты аххос нæ уыди уый. Хъæубæсты дзырдтой:
— Хъаруджын лæппу у Уырысби, бонзонгæ, сабыр, куыстуарзаг.
Ахæм ныхæстæ дæр, æвæццæгæн, уадысты Хъуыдинæйы хъустыл. Афтæ уыди, æндæрхуызæн уыди, уæддæр Хъуыдинæйы зæрдæйы ахаст æддæмæ бæрæг кæнын байдыдта. Дардмæ куы уыдта Уырысбийы, уæддæр-иу хурау ныррухс ис йæ цæсгом. Стæй йæ лæппу куы бафæрсын кодта, уæд уый загъта:
— Сдзур, сразы уыдзынæн...
Фæлæ ныр æгас къуыри Хъуыдинæ Уырысбийы уындæй йæхи хизын байдыдта, уымæй æмбарын кодта лæппуйæн: "Æз дæуæн къайаг нал дæн".
Уырысби адæргæй цы ракодтаид, уый нæ зыдта.