Цхинвал æмæ Дамаскы æмгуыстад: хъæуы фæарфдæр кæнын дывæсыг æмгуыстад æмæ æмархайд

© Пресс-служба МИД РЮОЦхинвал æмæ Дамаскы æмгуыстад: хъæуы фæарфдæр кæнын дывæсыг æмгуыстад æмæ æмархайд
Цхинвал æмæ Дамаскы æмгуыстад: хъæуы фæарфдæр кæнын дывæсыг æмгуыстад æмæ æмархайд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ФХМ сæргълæууæг Джиоты Æхсар сæмбæлд Сирийы æххæстбарджын минæвар УФ Башар Джаафариимæ.
Куыд хъусын кæны хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдонады пресс-службæ, афтæмæй фембæлд ацыди Мæскуыйы.
"Ныхасы рæстæджы фарсытæ æрдзырдтой Цхинвал æмæ Дамаскы ᾿хсæн алыхуызон æмвæзадтыл дарддæр фæарфдæр кæныны дывæсыг æмгуыстад æмæ æмархайды фарстатыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сири банымадта Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад 2018 азы 29 майы, уыцы азы июлы Цхинвал æмæ Дамаск сарæзтой дипломатион ахастытæ æмæ уыцы аз фыццаг хатт официалон визитимæ ныццыд Сиримæ Хуссар Ирыстоны президент. Уыцы фембæлды арæнæвæрды уæды рæстæджы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ йæ сирийаг коллега Башар Асад бафыстой хæларад æмæ æмгуыстады бадзырд. 2019 азы майы паддзахадты ᾿хсæн уыд арæзт бадзырд базарадон хæдзæрттæ бакæнын дыууæ республикæйы территоритыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0