Хуссар Ирмæ гастрольтимæ æрцæудзæн Мæскуыйы хæдбар театр "Фирс"

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстонмæ гастрольтимæ æрцæудзæн Мæскуыйы хæдбар театр "Фирс"
Хуссар Ирыстонмæ гастрольтимæ æрцæудзæн Мæскуыйы хæдбар театр Фирс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Мæскуыйы хæдбар театр "Фирс" "Камерон театр ШКиТ"-имæ иумæ ралæудзæн Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадлон Драмон театры сценæйыл. Куыд радзырдта Sputnik гастрольты организатор Тæболты Тамила, афтæмæй театры артисттæ равдисдзысты сæ равдысттæ ног къуыри.

"Театр равдисдзæн Александр Муритийы æвæрд спектакльтæ "Гроза" æмæ "Чайка". Афтæ ма уыдзæн сывæллæттæн аргъау "Потерянное время, или Один невероятный день" - спектаклы режиссер Евгений Безбак. Театры бындурон труппæ арæзт у нæ æмбæстæгтæй, уыдоны ᾿хсæн Карсанты Изабелла, Зассеты Батрадз, Гæджиты Руслан æмæ æндæртæ. Ныфс нæ ис, не ᾿мбæстæгтæ райгондæй кæй баззайдзысты равдыстæй", - банысан кодта Тæболон.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, спектакльты равдыст Хуссар Ирыстоны райдайдзæн 27-28 апрелы.
"Гастрольтæ сорганизаци кодта Джæуджыхъæуы "Камерон театр ШКиТ æмæ хæдбар мæскуыйаг театр "Фирс". Гастрольтæ райдайдзысты Дзæуджыхъæуы 24-26 апрелы æмæ дыккаг бон та рацæудзыстæм Цхинвалмæ", - банысан кодта уый.
Хуссар Иры театр равдыста спектакль Дзӕуджыхъӕуы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2023
Хуссар Ирыстоны театр равдыста спектакль Дзӕуджыхъӕуы
Ног хабӕртты лентӕ
0