Цхинвалы мэр ауагъта æмбæстæгты фыццаг райст

© Photo : Администрация Цхинвала / telegramЦхинвалы мэр ауагъта æмбæстæгты фыццаг айст
Цхинвалы мэр ауагъта æмбæстæгты фыццаг айст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik. Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео ауагъта æмбæстæгты фыццаг райст столицæйы мэры бынаты. Æмбæстæгты фылдæр хай уыд цæрæнуатон æмæ зæххы фарстыты тыххæй, хъусын кæны мэрия йæ телеграм-каналы.
Уымæй дарддæр ма горæты сæргълæууæгмæ æрбацыд зоохъахъхъæнджыты къорд, цæмæй æрныхас кæной дзæгъæл цæрæгойты проблемæйыл столицæйы.

"Æмбæстæгты æндæр хъуыддæгты тыххæй скъуыдздзæгтæ мэр скæндзæн фарстмæ йæхæдæг æркæсгæйæ", - банысан кодтой мэрийы.

Уагдоны фехъусын кодтой, æрбацæугæ æмбæстæгтæ "бузныджы ныхæстæ кæй загътой мэрæн æмæ йын раарфæ кодтой ног куысты бынатмæ бацæуыны фæдыл".
Хуыгаты Ромеойы снысан кодтой горæт Цхивалы мэрæй 5 апрелы Хусар Ирыстоны президенты барамындæй. Уымæй размæ уыцы бынаты куыста Къацты Гено, кæцы къухдариуæг кодта столицæйы администрацийæ 2022 азы июлы мæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0