https://sputnik-ossetia.com/20230421/tskhinvaly-meri-rurdta-zkhkhy-khytt-arnd-m-n-mguydy-payda-knynm-dttyn--22744207.html
Цхинвалы мэри æрурæдта зæххы хæйттæ арендæ æмæ æнæ æмгъуыдæй пайда кæнынмæ дæттын
Цхинвалы мэри æрурæдта зæххы хæйттæ арендæ æмæ æнæ æмгъуыдæй пайда кæнынмæ дæттын
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты мэри æрурæдта куырдиатты исын зæххы хæйттæ радтынæн арендæ æмæ æнæ æмгъуыдæй пайда кæнынæн, уый тыххæй... 21.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-21T13:21+0300
2023-04-21T13:21+0300
2023-04-21T15:15+0300
хуссар ирыстоны
цхинвалы администраци
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0d/22563754_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_d6331d3c4c41ef6e4bbd6caf85029687.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты мэри æрурæдта куырдиатты исын зæххы хæйттæ радтынæн арендæ æмæ æнæ æмгъуыдæй пайда кæнынæн, уый тыххæй барамынд публикацигонд æрцыд Цхинвалы мэрийы Телеграм-каналы.Горæты администрацийы банысан кодтой, мадзæлттæ ист кæй æрцыдысты Цхинвалы зæххы фонды инвентаризацийы нысанæн æмæ раздæр цы зæххы хæйттæ радтой пайда кæнынмæ, уыдоны закъондзинад сбæрæг кæнынæн столицæйы генпъланмæ гæсгæ арæзт сты æви нæ, æмæ сæ нысанмæ гæсгæ пайда кæнынад.Уымæй дарддæр, Цхинвалы администрацийы исбонон-зæххон ахастыты æмæ архитектурæйы фæткдаруатæн æмбæлы зæххы хæйттæ арендæ æмæ æнæмгъуыдмæ пайда кæнынæн радтын, афтæ ма арендæйы барты раивд сæрмагонд барамындмæ æруромын, бафтыдтой мэрийы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/0d/22563754_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_7e68f4c66fbf3e16badea459068955c6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, цхинвалы администраци, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, цхинвалы администраци, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы мэри æрурæдта зæххы хæйттæ арендæ æмæ æнæ æмгъуыдæй пайда кæнынмæ дæттын
13:21 21.04.2023 (Ранӕуӕггонд: 15:15 21.04.2023) ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты мэри æрурæдта куырдиатты исын зæххы хæйттæ радтынæн арендæ æмæ æнæ æмгъуыдæй пайда кæнынæн, уый тыххæй барамынд публикацигонд æрцыд Цхинвалы мэрийы Телеграм-каналы.
Горæты администрацийы банысан кодтой, мадзæлттæ ист кæй æрцыдысты Цхинвалы зæххы фонды инвентаризацийы нысанæн æмæ раздæр цы зæххы хæйттæ радтой пайда кæнынмæ, уыдоны закъондзинад сбæрæг кæнынæн столицæйы генпъланмæ гæсгæ арæзт сты æви нæ, æмæ сæ нысанмæ гæсгæ пайда кæнынад.
Уымæй дарддæр, Цхинвалы администрацийы исбонон-зæххон ахастыты æмæ архитектурæйы фæткдаруатæн æмбæлы зæххы хæйттæ арендæ æмæ æнæмгъуыдмæ пайда кæнынæн радтын, афтæ ма арендæйы барты раивд сæрмагонд барамындмæ æруромын, бафтыдтой мэрийы.