Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

ДАДОЛТЫ МÆТ

Рафыссын
Къамады чи нæ уыди, уый хъуамæ йæхицæй ма раппæла, зæгъгæ, æз Ирыстон зонын мæ къухты хуызæн.
Хорз хъæу у Къамад, æнахуыр хъæу. Хæдзæрттæ дзы уыйас бирæ нæй, æрмæст 21, æвæрд сты тынг бæрзонд, кæмдæр æврæгъты бын. Дзоныгъ, кæнæ уæрдон кæд аэроплан схæсса Къамадмæ, уыййеддæмæ сын ссæуæн нæй. Уырдæм фæндаг ис æрмæст базырджын мæргътæн, кæнæ ахæм цæрæгойтæн, къахæй цæуын хорз чи зоны: хæрæг, адæймаг, куыдз æмæ æндæр ахæмтæн.
Уым Ныхасы фендзынæ, сæдæ азы кæуыл цæуы, ахæм зæрæдты, горæт цы у, уый нæ зонынц. Кæцæй горæт та! Сæ быны, дæлвæзы стыр хъæумæ дæр никуы æруагътой сæхи.
Хуыцау дæ ма срæдийын кæнæд уыдоны раз, зæгъгæ, ис ахæм уæрдон, æврæгъты æмвæз чи тæхы, кæнæ, зæгъгæ, сæдæ верстмæ дыууæ адæймаджы, æнцад дзургæйæ, кæрæдзи хъусынц. Куы срæдиай, уæд сæ цæсты ницыуал уыдзынæ, гæдыйы ном дыл сбаддзæн.
Къамады адæм тынг уарзынц "Тутыры нозт". Бæзджын къуымæл æмæ арахъ хæццæйæ къуырийы бæрц нывыл æмбæрзтæй куы фенхъизой, уæд уый у "Тутыры нозт". Уазæгæн дæр буц нуазинагæн уый радавынц, æмæ дзы хъæзын къусæй иу куы акъахы, уæд дыккаг нал фæкомы.
Афтæ у Къамады хъæу.
Ног хабӕртты лентӕ
0