Гæдиаты Секъа. Саударӕг ус

Гæдиаты Секъа. Саударӕг ус
Рафыссын
Кавказы хохӕн йӕ астӕу алыг кодта Хъуды комы нарӕг. Йӕ фӕрсты, уӕйгуытау, юадынц стыр бӕрзонд гӕмӕх хӕхтӕ, алырдӕм фидар цӕстӕнгас дӕттынц. Хуссар-цӕгӕттӕ, къуырфбын ленчытӕ дидинӕгӕй алы хъулон хуыз ӕвдисынц, сӕ хорз тӕфӕй, сӕ рӕсугъд уындӕй лӕджы зӕрдӕ рухс кӕны.
Раст Хъуды комы, Арагуийы доны фарс, иу рӕсугъд уӕлхох фӕзы царди дыууӕ ӕфсымӕры – Таджи ӕмӕ Дзама. Дыууӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыдысты, фӕлӕ сӕ хъӕздыгдзинадӕй ӕмӕ рӕдау, кӕрдзындӕттонӕй хохы дыууӕ фарсы адӕмыл сӕ хорзы кой айхъуысти. Кӕддӕриддӕр адон бӕлццон цӕуджытӕн хъӕлдзӕг рӕдау фысымтӕ уыдысты.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0