Гæдиаты Секъа. Айсӕ

Гæдиаты Секъа. Айсӕ
Рафыссын
Гуырдзыстон Уырысимӕ баиу кӕныны рӕстӕджы адӕм дыууӕ дихы фесты: иутӕ Уырысы нӕ уагътой Гуырдзымӕ, иннӕтӕ та сӕ фарс уыдысты.
Иукъорд азты фӕстӕ адӕм ӕрсабыр сты, Уырыс алы комы хицӕуттӕ скодтой, иугай лӕгтӕй тӕрхон кӕнын байдыдтой, адӕмы ӕмбырд фехӕлди.
Иу хорз уалдзыгон бон Ӕгайты хуссары сау фосыдзуг хизыныл ахӕлиу сты, лӕппуӕ-лӕг фыййау Ахмӕт рындзыл бадти, йӕ фосы уындӕй йӕ зӕрдӕ рухс кодта ӕмӕ уадындзӕй зарыди.
Уалынмӕ саунӕмыгдзау чызджытӕ, сӕ къӕртатӕ сӕ къухты, ӕфцӕгӕй ӕрцыдысты ӕмӕ Ахмӕтӕн раарфӕ кодтой.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0