Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

ХÆЛÆРТТÆ

Рафыссын
Æртыккаг зылды пъырыстыф Иван Кузьмич Топтыго æнкъард у абон. Бады стъолы фарсмæ. Сисы йæ къухы фыссæн æмæ йæ фæстæмæ æрæвæры... Йæ разы, стъолыл, гæххæттыты цагъд. Иуыл дзы къух æрæвæрын хъæуы, иннæ сыхаг зылды хицаумæ арвитын хъæуы æмæ æнд.
Æхсæвы дыууæ сахаты онг Топтыго къамæй хъазыди клубы. Æмбылды фæци, дæс æмæ ссæдз туманæй иу капекк дæр нал аззади... Куыдзы фырт облæстон дохтыр! Йæ амонд куыд ласта! Куыд ын æнтысти!.. Йæ хæдзармæ мин сомæй къаддæр нæ ахаста! Бæргæ дзы куырдта Иван Кузьмич 25 сомы æфстау, хионтæ фæстæмæ рамбулыны ныфсæй... Нæ йын ратта. "Æрæвæр, дам, къамыл дæ бæх! 200 сомæй йæ балхæдтай, 400 сомыл æй æрæвæр!" Дохтыр æнхъæл у, æмæ бæх афтæ æрæвæргæ у. Нæ, пъырыстыф йæ черкесаг хъуг æрæвæрдзæн, йæ пъалто, йæ хæдон дæр... Фæлæ бæх?! Бæхæн æрæвæрæн нæй. Фæлтау Иван Кузьмич ацæудзæн æмæ йæхи Терчы басхойдзæн...
Облæсты дохтыр бæхы тыххæй уыцы ныхæстæ куы загъта, уæд пъырыстыфæн йæ туг йæ сæрмæ ныццавта. Чысыл-ма бахъæуа, æхсаргардæй дохтыры сæры фарс ма æрхæсса, фæлæ тыхæй баурæдта йæхи. Æрмæст йе ’нгуылдзтæй цыдæр нысан ацарæзта æмæ йæм мæсты дзырд скодта:
— Цъуй дæ нæ хъæуы, цъуй?
Уæд уыцы дзырдæй чысыл йæ маст ссыди. Фæлæ ныр дæр ма куы æрхъуыды кæны дохтыры ныхас, уæд йæ хъусты стыр æфхæрдæй зæлланг кæны.
Диссаджы бæх та куыд нæ у пъырыстыфы бæх: æгас горæты уый хуызæн никæмæн ис. Уыцы бæхы тыххæй Топтыгойы æгас облæсты дæр зонынц.
Ног хабӕртты лентӕ
0