https://sputnik-ossetia.com/20230424/gagloyty-alan-rbavdysta-khakhkhnynady-ministrady-kusdzhytn-srgluudzhy-nog-khdivdzhyty-22790807.html
Гаглойты Алан æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады кусджытæн сæргълæууæджы ног хæдивджыты
Гаглойты Алан æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады кусджытæн сæргълæууæджы ног хæдивджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Тъехты Дзерасса. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисæры æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады коллективæн министры ног... 24.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-24T14:20+0300
2023-04-24T14:20+0300
2023-04-24T14:20+0300
хуссар ирыстоны
хъахъхъæнынады министрад
президент
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/18/22786197_0:1:3639:2048_1920x0_80_0_0_1d6227d4f657f80341a2662a65a28291.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Тъехты Дзерасса. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисæры æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады коллективæн министры ног хæдивджыты. Гарзджын тыхты Генштабы сæргълæууæджы бынатмæ æмæ министры фыццаг хæдивæджы бынатмæ паддзахады сæргълæууæджы барамындæй нысангонд æрцыдис Болататы Алан. Танделаты Вепхвия нысангонд æрцыд фæсфронт хъахъхъæныны министры хæдивæгæй, Сабанты Инал та сæрмагонд арæзтимæ куысты фæдыл министры хæдивæгæй. Президент банысан кодта ныр штабы бирæ куыст кæй ис.Президент раарфæ кодта æмæ сын йæ зæрдæ загъта пайдахæссæг куыст коллетивимæ æмæ æнтыстытæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/18/22786197_454:0:3185:2048_1920x0_80_0_0_759ca5ff417e4eb9329ba893579370c1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, хъахъхъæнынады министрад, президент, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, хъахъхъæнынады министрад, президент, ног хабӕрттӕ
Гаглойты Алан æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады кусджытæн сæргълæууæджы ног хæдивджыты
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Тъехты Дзерасса. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисæры æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады коллективæн министры ног хæдивджыты. Гарзджын тыхты Генштабы сæргълæууæджы бынатмæ æмæ министры фыццаг хæдивæджы бынатмæ паддзахады сæргълæууæджы барамындæй нысангонд æрцыдис Болататы Алан.
Танделаты Вепхвия нысангонд æрцыд фæсфронт хъахъхъæныны министры хæдивæгæй, Сабанты Инал та сæрмагонд арæзтимæ куысты фæдыл министры хæдивæгæй. Президент банысан кодта ныр штабы бирæ куыст кæй ис.



"Ис бæрæггонд бадзырдтæ, ис фæндагон картæ, кæцымæ гæсгæ мах нывæстон æгъдауæй скъуыдздзаг кæндзыстæм нæ размæлæууæг фарстатæ, уыимæ иумæ мызд фæфылдæр кæныны фарста, æфсæддонты куысты уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Мæнмæ гæсгæ, æввахс рæстæджы мах фендзыстæм позитивон ивындзинæтæ", банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент раарфæ кодта æмæ сын йæ зæрдæ загъта пайдахæссæг куыст коллетивимæ æмæ æнтыстытæ.