https://sputnik-ossetia.com/20230424/khusoy-22700044.html
ХЪУСОЙ
ХЪУСОЙ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Сугъарты хæдзармæ Хъусой æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæ цыдаид. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг, æмæ... 24.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-24T12:29+0300
2023-04-24T12:29+0300
2023-04-24T12:29+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/13/22699877_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_7ac767476812bfdd7e7ea2007945add8.png
ХЪУСОЙ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ХЪУСОЙ
Сугъарты хæдзармæ Хъусой æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæ цыдаид. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг, æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой ном "Хъусой".Хъусой уыди лæгъзхъуын, стæй хæрзуынд æмæ йæ бинонтæ тынг бауарзтой, тынгдæр та дыууæ лæппуйы — дæсазыккон Гаппо æмæ астазыккон Сослан. Лæппутæ къæбыламæ зылдысты, æхсырæй йæ хастой, хъазыдысты йемæ. Чысыл куы фæхъомыл ис Хъусой, æдæрсгæ разгъор-базгъор кæнын куы байдыдта, уæд та йæ æппын уæгъд нал уагътой дыууæ лæппуйы. Куыддæр-иу скъолайæ æрцыдысты, афтæ кæс, æмæ та уæртæ кæртмæ фæуайынц — Хъусоймæ. Уый дæр сыл сахуыр æмæ-иу къæдзил тилгæйæ сæ размæ фæци. Зæрдæхъæлдзæгæй рæзыди Хъусой. Куыд тагъд рæзыди, ууыл та дис кодтой Сугъартæ дæр, сыхæгтæ дæр.Байрæзыди Хъусой, стыр куыдз сси, хъæбатыр æмæ тыхджын куыдз. Куыйтæ кæртæй къордæй куы рагæпп кæной, уæд сын хъæбатыр цы хъæуы, фæлæ-иу Хъусой та иунæгæй рагæпп кодта æмæ-иу сыхæгты куыйты фæйнæрдæм фæтардта.Сугъартæ цардысты горæты кæрон, æмæ сæ хæдзарæн хорз гæс кæй фæзынди, уый сын æхсызгон уыди. Гаппо æмæ Сослан та тынгдæр ууыл цин кодтой, хъазæг æмбал сын кæй фæзынди.Акодтой-иу дыууæ лæппуйы Хъусойы семæ быдырмæ. Уым-иу разгъор-базгъор кодтой куыдзимæ, ноджы йæ ахуыр кодтой фæстаг къæхтыл лæууын, исты дзауматæ хæссын. Тынг æмбаргæ разынди Хъусой æмæ алцæуыл дæр æнцонæй ахуыр кодта.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/13/22699877_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_5e928dafbc38e8e7625d7089fea61a04.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Сугъарты хæдзармæ Хъусой æрбафтыди хæрз чысылæй, æвæццæгæн ыл иу мæйæ фылдæр нæ цыдаид. Къæбыла йæ ном дæр æрхаста йемæ: йæ хъусты кæрæттæ разындысты лыг, æмæ йыл Сугъарты сывæллæттæ уайтагъд авæрдтой ном "Хъусой".
Хъусой уыди лæгъзхъуын, стæй хæрзуынд æмæ йæ бинонтæ тынг бауарзтой, тынгдæр та дыууæ лæппуйы — дæсазыккон Гаппо æмæ астазыккон Сослан. Лæппутæ къæбыламæ зылдысты, æхсырæй йæ хастой, хъазыдысты йемæ. Чысыл куы фæхъомыл ис Хъусой, æдæрсгæ разгъор-базгъор кæнын куы байдыдта, уæд та йæ æппын уæгъд нал уагътой дыууæ лæппуйы. Куыддæр-иу скъолайæ æрцыдысты, афтæ кæс, æмæ та уæртæ кæртмæ фæуайынц — Хъусоймæ. Уый дæр сыл сахуыр æмæ-иу къæдзил тилгæйæ сæ размæ фæци. Зæрдæхъæлдзæгæй рæзыди Хъусой. Куыд тагъд рæзыди, ууыл та дис кодтой Сугъартæ дæр, сыхæгтæ дæр.
Байрæзыди Хъусой, стыр куыдз сси, хъæбатыр æмæ тыхджын куыдз. Куыйтæ кæртæй къордæй куы рагæпп кæной, уæд сын хъæбатыр цы хъæуы, фæлæ-иу Хъусой та иунæгæй рагæпп кодта æмæ-иу сыхæгты куыйты фæйнæрдæм фæтардта.
Сугъартæ цардысты горæты кæрон, æмæ сæ хæдзарæн хорз гæс кæй фæзынди, уый сын æхсызгон уыди. Гаппо æмæ Сослан та тынгдæр ууыл цин кодтой, хъазæг æмбал сын кæй фæзынди.
Акодтой-иу дыууæ лæппуйы Хъусойы семæ быдырмæ. Уым-иу разгъор-базгъор кодтой куыдзимæ, ноджы йæ ахуыр кодтой фæстаг къæхтыл лæууын, исты дзауматæ хæссын. Тынг æмбаргæ разынди Хъусой æмæ алцæуыл дæр æнцонæй ахуыр кодта.