Хуссар Иры райдыдта фонтанты сезон, Цхинвалы срӕвдз кодтой се 'стырдӕрты куыст

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры райдыдта фонтанты сезон, Цхинвалы срӕвдз кодтой се 'стырдӕрты куыст
Хуссар Иры райдыдта фонтанты сезон, Цхинвалы срӕвдз кодтой се 'стырдӕрты куыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ацы къуыри Цхинвалы бакодтой фонтанты сезон. Хуссар Ирыстоны столицӕйы скуыста дыууӕ сӕйраг объекты театралон фӕзуаты ӕмӕ Хъаныхъуаты Ремзийы скверы.

"Горӕты администраци срӕвдз кодта централон фӕзуаты фонтан, хӕрзарӕзтады комбинат та скусын кодта Хъаныхъуаты Ремзийы скверы фонтан. Мах ныртӕккӕ архайæм аннӕ цыппар фонтан цалцӕг кæныныл", - загъта Sputnik "Водоканал"-ы хистӕр Сиукъаты Инал.

Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл фонтан скульптурон композициимӕ "Влюбленные под зонтом" скусын кодтой 2016 азы, цыбыр рæстæджы дӕргъы цӕрджыты зӕрдӕтæ рухс кодта, стӕй фехӕлд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йын сцалцӕг кӕнын не 'нтыст.
"Водоканал" тырны скусын кӕнын ӕппӕт фонтантӕ. Фонтан "Фатимӕ" ӕмӕ Ногдзауты парчы фонтантӕн ифтонгад ӕрцыд заказ. Цыппӕрӕм фонтанӕн хъӕуы ӕддӕмӕ рахӕсын йӕ цъирæн станц. Се ᾿ппӕты дӕр нӕ фӕнды скусын кӕнын мӕйы ӕмгъуыдмӕ", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0