https://sputnik-ossetia.com/20230424/khussar-iry-stolitsayy-podezdty-aguystta-avarynts-tsardzhyty-khardztay---tsek-22793157.html
Хуссар Иры столицӕйы ӕвӕрынц подъездты агъуысттӕ
Хуссар Иры столицӕйы ӕвӕрынц подъездты агъуысттӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайоны бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы агъуындынц подъездтӕм бахизӕнтӕ, радзырдта... 24.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-24T16:20+0300
2023-04-24T16:20+0300
2023-04-24T23:09+0300
хуссар ирыстоны
цхинвал
ӕхсӕнад
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/18/22788563_0:0:1600:900_1920x0_80_0_0_ae4c64213b8eaa04a0b608239f60ad1a.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайоны бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы агъуындынц подъездтӕм бахизӕнтӕ, радзырдта Sputnik цӕрӕн-эксплуатацион канторы хистӕр Хъотайты Алан.Куыстытӕм бавнӕлдтой ивгъуыд къуыри.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, аразинаг сты бахизӕн асинтӕ дӕр, уыдон сцалцӕг кӕндзысты корпусы цӕрджытӕ сӕ коммуналон хӕстимӕ куы сраст уой, уæд."Ис сын 200 мин сомы хӕс, цӕрджытимӕ ныхас кодтам ӕмӕ ныфс радтой сӕ хӕстимӕ кӕй сраст уыдзысты, ӕмӕ уӕд мах дӕр баххӕст кӕндзыстӕм нӕ куыстытӕ", - бахахх кодта уый.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/18/22788563_400:0:1600:900_1920x0_80_0_0_c6fe443931dcc37934cb8448d1ba415e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, цхинвал, ӕхсӕнад, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, цхинвал, ӕхсӕнад, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры столицӕйы ӕвӕрынц подъездты агъуысттӕ
16:20 24.04.2023 (Ранӕуӕггонд: 23:09 24.04.2023) ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайоны бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы агъуындынц подъездтӕм бахизӕнтӕ, радзырдта Sputnik цӕрӕн-эксплуатацион канторы хистӕр Хъотайты Алан.
Куыстытӕм бавнӕлдтой ивгъуыд къуыри.
"Хӕдзары цӕрджыты коммуналон фиддонты хӕрдзтӕй Плиты Харитоны уынджы 31 хӕдзары подъездмӕ бахизӕнтӕ агъуыст кæнынц", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, аразинаг сты бахизӕн асинтӕ дӕр, уыдон сцалцӕг кӕндзысты корпусы цӕрджытӕ сӕ коммуналон хӕстимӕ куы сраст уой, уæд.
"Ис сын 200 мин сомы хӕс, цӕрджытимӕ ныхас кодтам ӕмӕ ныфс радтой сӕ хӕстимӕ кӕй сраст уыдзысты, ӕмӕ уӕд мах дӕр баххӕст кӕндзыстӕм нӕ куыстытӕ", - бахахх кодта уый.