Хуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдзысты фондз нуазыны доны чысыл фонтантӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдзысты фондз нуазыны доны чысыл фонтантӕ
Хуссар Иры столицӕйы сӕвӕрдзысты фондз нуазыны доны чысыл фонтантӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕввахс рӕстӕджы сӕвӕрдзысты фондз доннуазӕн фонтантӕ, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы хистӕр Сиукъаты Иван.
Ныридӕгӕн Цхинвалы кусы ӕрмӕст иу ахӕм чысыл фонтан. Уый ис ирон дипломат Хъаныхъуаты Ремзийы скверы Путины уынгыл.

"Мах уал сцалцӕг кодтам цы иу фонтан нæм уыд, уый. Фӕстӕдӕр горӕты сӕвӕрдзыстӕм ноджы фондз ахӕм объекты. Нырма дырысӕй сӕ бынӕттӕ бӕрӕг не сты, иу дзы аскъуыддзаг кодтам сӕвӕрын Ногдзауты парчы, иу та Вокзалгӕрон фӕзуаты", - загъта уый.

Нуазыны доны чысыл фонтантӕ Цхинвалы уыдысты советон дуджы дӕр. Уыдонӕй дон баназыны фадат уыд ӕхсӕзӕм ӕмӕ фӕндзӕм скъолайы кӕртыты, афтæ ма театралон фӕзуаты, фӕстаг доннуазæн ма куыста суанг 2000-ӕм ӕзтӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0