Гæдиаты Секъа. Азау

Гæдиаты Секъа. Азау
Рафыссын
Раст Арвыкомы Сау хохы рындзыл Ганисы хъӕу лӕууыд, раджы кӕддӕр царды денджызӕй сӕууон стъалыйау ӕрттывта, ныр хъӕууат фӕци, кӕуын цӕстӕнгас дӕтты.
Ганисы царди дыууӕ сыхаджы – Боба ӕмӕ Бибо. Боба Тогъуызатӕй уыд, Бибо та – Сачъынатӕй. Дыууӕйӕн дӕр зӕнӕг нӕма уыд. Бобайӕн йӕ цс – Ханыхъон, хъобайнаг чызг уыди, Бибойӕн та – Ӕгъуызон, - Томайты чызг. Сӕ дыууӕ дӕр хъӕздыг уыдысты. Бибо иунӕг лӕг уыди, Бобайæн та æфсымæртæ уыдис, фæлæй байуæрста æмæ иунæгæй царди.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0