Ленингоры районы къухдариуæгад исы мадзæлттæ, цæмæй Ксаны донбылгæрæттæ ма фæдæлдон уой

© Sputnik / Natalia AiriyanКсан
Ксан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы тæрккъæвдаты фæстиуæгæн фæфылдæр Ксаны цæугæдоны æмвæзад. Районы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй уавæр ис администрацийы сæргълæууæджы хъусдарды бын.
"Районы сæргълæууæг банысан кодта, кæй райсдзысты æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ, цæмæй бахъахъхъæной район донивылдæй. ЦКХ кусджытæ ивынц цæугæдоны донвæд, цæмæй аиуварс кæной донивылды тæссагдзинад", - банысан кодта пресс-службæйы хистæр Кокойты Анжела.
Ленингоры районы администрацийы разамонæг Гæджиты Илларионы ныхæстæм гæсгæ, тæрккъæвдатæ гæнæн ис æрхæссой стыр зиан районы инфраструктурæйæн.
"Мах кусæм донбылгæрæттæ сфидар кæныныл мæймæ æввахс, фæлæ нын техникæ фаг нæу, цæмæй куыстыты гуырахстыл аххæссæм", - загъта Гæджиты Илларион.
Уалдзæджы райдайæны районы къухдариуæгад бавнæлдтой Ксаны донбылгæрæттæ фидар кæнынмæ, фæлæ сæрмагонд техникæйы фехæлды тыххæй куыстытæ кæронмæ нæ бакодтой. Районы уæд æруарыд бирæ мит æмæ коммуналон службæтæ уайтагъд бавнæлдтой донвæд сыгъдæг кæнынмæ, цæмæй районы инфраструктурæ ма фæдæлдон уа.
Ног хабӕртты лентӕ
0