Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

САЛОМИ

Рафыссын
Бафæллади Саломи. Цафон у, ничи ницы зоны — хур нæ кæсы, арв алырдыгæй цъæх мигътæй æхгæд; чи зоны, у сихор, чи зоны, у изæр.
Фыццаг кæркуасæнтæ уыди, афтæ фæдис фæцыди: Гуырдзыйы æфсæдтæ ссæуынц, лидзгæут Цæгат Ирыстонмæ!
Цавд мæлдзыджыты губаккау хъæу æмызмæлд сси, чи уæрдон ифтыгъта, чи — саргъыбæх. Алырдыгæй хъуысти хъæр, кæуын æмæ æлгъыст.
— Нæ коммунистытæ нæ фесæфтой! — дзырдтой иутæ... Иннæтæ сæ сабыр кодтой:
— Цомут! Фæстæмæ нæ ардæм хъæуы!.. Нæ фос, нæ зæххытæ нæхи бакæндзыстæм, сæрибар суыдзыстæм, нæ цард нæхи къухтæй араздзыстæм!..
Уыди ахæм бинонтæ, кæцытæ æрмæст сæ уæлæйы дзауматы лидзæг фесты, ныууагътой сæ ис-сæ бон. Уыди дзы ахæм бинонтæ дæр, кæцытæ бафæрæзтой суанг судзины онг алцыдæр семæ рахæссын...
Саломи — идæдз ус — йæ дыууæ æнахъом чызгимæ уайтагъд ацæттæ кодта йæхи... Хуыссæнты дзæбæхдæртæ атыхта, абаста, хордзенты кæрдзынтæ æмæ цæхх авæрдта, нæ ферох кодта чысыл дурын дæр донæн... Хæдзары бæх нæ уыди, — цæуыл ахастаиккой сæ дзауматæ.
Фыццаг лидзæг къордимæ араст сты Саломи æмæ йæ дыууæ чызджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0