Цхинвалы ацыд политикон парти "Иры фарн"-ы бындурӕвӕрды уанел

Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацыд политикон парти "Иры фарн"-ы бындурӕвӕрды уанел, ӕмбырды хайад райстой 105 делегаты, фӕйнӕ 21 адӕймаджы алкӕцы район ӕмӕ столицӕйӕ дӕр.
Къамисы сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд экс-депутат Коцты Игорь.
" Мах не 'ппӕт дӕр зонӕм, Хуссар Ирыстоны партитӕ арӕзт кӕй цыдысты зындгонд гоймӕгты хъӕппӕрисӕй, науӕд та бӕрнон кусджыты амындмӕ гӕсгӕ. Ацы партийӕн та йӕ бындурӕвӕрды истори у ахӕм, хуымӕтӕджы лӕппуты ӕмӕ чызджыты бафӕндыд саразын политикон парти ӕмӕ хайад райсын ӕхсӕнадон царды", - загъта уый.
Уанелы ист ӕрцыдысты партийы уагӕвӕрд ӕмӕ нывӕст. Аскъуыддзаг кодтой горӕт Цхинвалы ӕмӕ районты партийы хайӕдтӕ бакӕнын.
Сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы партийы разамонӕгӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Цоциты Хох.
Ног хабӕртты лентӕ
0