https://sputnik-ossetia.com/20230426/kabmin-srazy-is-khussar-irystony-2022-azy-paddzakhadon-byudzhety-skhkhst-knyny-zakonyl-22829422.html
Кабмин сразы ис Хуссар Иры 2022 азы паддзахадон бюджет сæххæст кæныны закъоныл
Кабмин сразы ис Хуссар Иры 2022 азы паддзахадон бюджет сæххæст кæныны закъоныл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон бюджеты æфтиаг фарон уыд 8 млрд 795 млн сомы, фехъусын кодта республикæйы финансты министр Цæрикъаты... 26.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-26T12:23+0300
2023-04-26T12:23+0300
2023-07-12T12:17+0300
хуссар ирыстоны
хицауад
хуссар иры хицауад
финансты министрад
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0c/24439214_0:0:3077:1731_1920x0_80_0_0_0c92c80012502412824bad45dcbe15ff.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон бюджеты æфтиаг фарон уыд 8 млрд 795 млн сомы, фехъусын кодта республикæйы финансты министр Цæрикъаты Хъазбег.Хицауады рабадты æртыццæджы Кабмин сразы ис 2022 азы паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй закъоны проектыл.Министры ныхæстæм гæсгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ хаст цыдысты æхсæз хатты, æмæ бандæвтой йæ структурæйыл - фæегъаудæр ис. Уымæ гæсгæ къазнайы æфтиаг ссис 9 млрд 307 сомы, хæрдзтæ чысыл фылдæр – 10 млрд 56 млн сомы.Уыимæ иумæ сæвзæрд дефицит 749 млн сомы, уый баххæст кæнынæн спайда кодтой 2022 азы райдианмæ ма цы бынтæ баззад, уыдонæй.Куыд банысан кодта министр, хисæрмагонд æфтиаг бындуронæй цæуы физикон гоймæгтæ, æфиагмæ хъалон, акцизтæ æмæ таможнæйы фиддонтæ. Бындурон фидджытæ сты æхсæнадæмон хынцæн банк, "Остелеком", Газпром – Южная Осетия, БТК-4, "Энергоресурс" æмæ бюджетисджытæ.Инвестпрограммæйы реализаци кæныны тыххæй фарон рахицæн кодтой 1 мрлд 301, æххæст æрцыд 100 процентыл, банысан кодта Минфины сæргълæууæг.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/0c/24439214_348:0:3077:2047_1920x0_80_0_0_40cf430df9a771164e5a4fb95c918a3d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, хицауад, хуссар иры хицауад, финансты министрад, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, хицауад, хуссар иры хицауад, финансты министрад, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон бюджеты æфтиаг фарон уыд 8 млрд 795 млн сомы, фехъусын кодта республикæйы финансты министр Цæрикъаты Хъазбег.
Хицауады рабадты æртыццæджы Кабмин сразы ис 2022 азы паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй закъоны проектыл.
Министры ныхæстæм гæсгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ хаст цыдысты æхсæз хатты, æмæ бандæвтой йæ структурæйыл - фæегъаудæр ис. Уымæ гæсгæ къазнайы æфтиаг ссис 9 млрд 307 сомы, хæрдзтæ чысыл фылдæр – 10 млрд 56 млн сомы.
Уыимæ иумæ сæвзæрд дефицит 749 млн сомы, уый баххæст кæнынæн спайда кодтой 2022 азы райдианмæ ма цы бынтæ баззад, уыдонæй.
"Бюджеты бындурон параметртæ – у Уæрæсейæ финансон æххуыс, 80 процентæй фылдæр, 19,6 проценты сты республикæйы йæхи æфтиаг", - загъта финансты министр.
Куыд банысан кодта министр, хисæрмагонд æфтиаг бындуронæй цæуы физикон гоймæгтæ, æфиагмæ хъалон, акцизтæ æмæ таможнæйы фиддонтæ. Бындурон фидджытæ сты æхсæнадæмон хынцæн банк, "Остелеком", Газпром – Южная Осетия, БТК-4, "Энергоресурс" æмæ бюджетисджытæ.
Инвестпрограммæйы реализаци кæныны тыххæй фарон рахицæн кодтой 1 мрлд 301, æххæст æрцыд 100 процентыл, банысан кодта Минфины сæргълæууæг.