Хуссар Ир хайад райсдзæн традицион "Уæлахизы диктант"-ы

© Sputnik / Natalia Airiyan "Уæлахизы диктант"
Уæлахизы диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногæй ацæудзæн æхсæнадæмон историон акци "Уæлахизы диктант". Мадзал ацæудзæн 27 апрелы 12-00 сахатыл. Уый тыххæй Sputnik радзырдта Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг республикæйы Сергей Скворцов.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, диктант цæудзæн дыууæ фæзуатыл – ХИПУ æмæ гимнази "Альбион"-ы.

"Ацы диктант цæуы бирæ азты дæргъы æмæ дзы Хуссар Ирыстон традицион æгъдауæй исы хайад. Кæй фæнды, уыдонæй алкæмæндæр йæ бон у æмæ æрбамбал уой ацы акцимæ, ХИПУ, кæнæ гимнази "Альбион"-мæ æрбацæугæйæ. Фæзуæттæ райдайдзысты кусын диктант райдайынæй 1-1,5 сахаты раздæр", - загъта Скворцов.

Уый банысан кодта, диктанты хайад райсын гæнæн ис онлайн-форматы æмæ бафтыдта, диктант кæй цæудзæн уырыссаг æвзагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0