Хуссар Иры хъæутæй иуы ссардтой хæстæрмæджыты æмбæхсæн

© МЧС РЮХуссар Иры хъæутæй иуы ссардтой хæстæрмæджыты æмбæхсæн
Хуссар Иры хъæутæй иуы ссардтой хæстæрмæджыты æмбæхсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ксуисы хъæуы ссардтой хæстæрмæджыты æмбæхсæн, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Хæстæрмæджытæ ссарыны фæдыл хъусинаг бацыд УУМ радгæсон хайадмæ æртыццæджы 9.26 сахатыл.
"Цауы бынатмæ ацыдысты УУМ сапертæ. Ссардæуыд аст хæстон гранатæйы, сæ нымæцы Ф-1 – æхсæз иуæджы æмæ РГД – дыууæ иуæджы, афтæ ма 5,45 калибры нæмгуытæ – 222 иуæджы", - банысан кодтой уагдоны.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, хæстæрмæджытæ радтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады фæдагуырды дæлхайадмæ.
© Пресс-служба МЧС РФ по РСО-АХуссар Иры хъæутæй иуы ссардтой хæстæрмæджыты æмбæхсæн
В одном из сел Южной Осетии обнаружили схрон с боеприпасами - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2023
Хуссар Иры хъæутæй иуы ссардтой хæстæрмæджыты æмбæхсæн
Ног хабӕртты лентӕ
0