Хуссар Иры сног кодтой Ленингоры районы фесæфæг цæрæджы агуырд

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры сног кодтой Ленингоры районы фесæфæг цæрæджы агуырд
Хуссар Иры сног кодтой Ленингоры районы фесæфæг цæрæджы агуырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) ирвæзынгæнджытæ дыццæджы сног кодтой æвзонг нæлгоймаджы агуырд, кæцы фесæфт 13 марты. Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"Агурыны мадзæлтты архайдтой 100 адæймаджы. Хайад дзы райстой Цхинвал æмæ Ленингоры районы зынгфæдисон-ирвæзынгæнæн хайæдты æмæ мидхъуыддæгты дæлхайады кусджытæ, афтæ ма волонтертæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ирвæзынгæнджытæ ногæй басгæрстой Армазы хъæуæй Цирколы цæрæн пунктмæ территори. УУМ куыд банысан кодтой, афтæмæй ма басгæрстой стыр фæзуат, фæлæ, хъыгагæн, агуырд фæстиуджытæ не ‘рхаста.
Ленингоры районы Армазы хъæуы 25-аздзыд цæрæг Черткоты Алан рахызт хæдзарæй 13 марты æмæ нал æрбаздæхт.
Ног хабӕртты лентӕ
0