Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ХЪÆДДЗАУ. ПИОНЕР ГАБО

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ХЪÆДДЗАУ. ПИОНЕР ГАБО
Рафыссын
Астазыккон Черменæн йæ мады ’фсымæр ралæвар кодта хъазæн фæрæт. Чермен йæхицæй хъæддзау акодта, фæрæт йе уæхскыл авæрдта æмæ уæртæ фæцæуы. Бацыди дыргъты цæхæрадонмæ, лæппын фæткъуы бæлæстæй рæсугъддæр чи уыди, уый равзæрста æмæ йæ лыг кæныныл ныллæууыди. Акуыста Чермен дæс минуты бæрц, æмæ бæлас афæлдæхти. Уыйфæстæ та лæппу фæрæт йе уæхскыл авæрдта. Кæс, æмæ æцæг хъæддзауы хуызæн бараст ис хæдзармæ.
Куыддæр-иу æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ фæхицæн сты, афтæ-иу пионер Габо венаг бандон рудзынджы раз авæрдта æмæ-иу чиныг дæлвæйнæгыл æрфæлдæхта. Афтæ уыди алы райсом дæр, æнцойбонтæй фæстæмæ. Габо æнæзивæг ахуыр кодта йæ уроктæ æмæ скъолайы нымад уыди отличникыл.
Рудзынг арæзт уыди уынгмæ, хурыскæсæнырдæм, æмæ-иу Габойæн æнæ фæкæсгæ нæ уыди уынджы змæлдмæ дæр, йæ бакомкоммæ дæсрудзынгджын иууæладзыг хæдзармæ дæр. Уый уыдис зæронд хæдзар, тынг цалцæг кæнын кæй хъуыд, ахæм: æмбæрзæн дуртæ ранæй-ран уыдысты сæстытæ, тигъты чъырæй сæрст æрызгъæлдтытæ кодта, трубаты сæртæй агуыритæ фæхъуыди, рудзгуыты тарвæзтæ æмæ рамкæтыл зынди, бирæ цæрæнбон сын кæй нал ис, кæрты дуар æмæ къалиткæ ныггæлиртæ сты. Йæ цæст-иу ахаста Габо уыдæттыл æмæ-иу бадис кодта хинымæры: "Цымæ сæ хæдзармæ цæуылнæ базилынц?"
Ног хабӕртты лентӕ
0