Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

ÆНХЪÆЛ НÆ УЫДЫСТЫ

ÆНХЪÆЛ НÆ УЫДЫСТЫ
Рафыссын
Уаргæ бон уыдис, æмæ æмбæрзт файтон Ванойы рестораны дуармæ хæстæг-хæстæг бацыди. Рагæпп дзы кодта иу æртыназыккон лæг, йæ зачъе даст, рихитæ биноныг здыхт. Йæ сæрыл уыди сау сгæлладæй фæлмæн худ, сау адаргæ сæрдыгон пъалто дзæбæх фидыдта хæрзконд уæнгтыл.
Файтонæй рагæпп кæнгæйæ, фæстæмæ фæзылди, йæ къух мидæмæ бадаргъ кодта æмæ сдзырдта:
— Рахиз, Леуан, мæнæ ам хус у!
— Афæрдæг у! Исты зæронд дæн, дæ къух цы радаргъ кодтай!
Уыцы ныхæсты фæстæ рагæпп кодта файтонæй нывыл бæрзонд, фæлæ тынг бæзæрхыг æмæ гуыбынджын лæг. Урс куырæт æмæ уæрæх сау цухъа сау ронæй æлвæст уыдысты ставд астæуыл. Къæхтыл — æрттивгæ ног цырыхъытæ, сæрыл — сау уæлдзармын худ. Бур рихитæ, бур цыргъгонд зачъе нæ фидыдтой нард сырх цæсгомыл. Чи йæ федтаид, уый загътаид: "Ацы лæг цардæй къæртт æппары".
Уый фæдыл рагæпп кодта файтонæй æрмæст царм æмæ стджытæй конд лæг, формæйы пъалтойы, йæ сæрыл фуражкæ кокардæимæ, йæ уæхсчытыл чиновничы пъагонтæ. Пыхцыл сау рихитæ хуыйы хъисы хуызæн алырдæм ныллæууыдысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0