Дзæуджыхъæуы райдыдта интеллектуалон тохты Цæгат-Кавказаг олимпиадæ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы райдыдта интеллектуалон тохты Цæгат-Кавказаг олимпиадæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта интеллектуалон тохты Цæгат-Кавказаг олимпиадæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Дзæуджыхъæуы райдыдта интеллектуалон тохты дыккаг Цæгат-Кавказаг олимпиадæ "Кредо-Знание".
Олимпиадæйы хайад исынц Цæгат-Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) æппæт регионты минæвæрттæ. Иумæйаг ахуырадон уагдæтты 10-11 кълæсты ахуыргæнинæгты ᾿хсæн сты Хуссар Ирыстонæй скъоладзаутæ.
Хистæркъласонтæ ерыс кæндзысты физикæ, математикæ, хими, биологи æмæ информатикæйæ. Фæуæлахиз уыдзæн, иууыл иумæ фылдæр баллтæ чи райса, уый.
Организатортæ – ахуырады æххуысы Фонд "Кредо-Знание". Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты æхцайы фæрæзтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0