Гӕдиаты Секъа. Зӕлда

Гӕдиаты Секъа. Зӕлда
Рафыссын
Раст Хъуды комы, дыууӕ Ганисы астӕу, царди дыууӕ сыхаджы – Курдан ӕмӕ Кудзан. Сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыдысты. Иу бон Курданӕн лӕппу райгуырди, Куыдзанӕн та – чызг.
Курдан ӕмӕ Кудзан кӕрӕдзийы бирӕ уарзтой, ӕфсымӕртау цардысты. Курдан ӕмӕ Кудзан дзырд бакодтой: чызг ӕмӕ лӕппу куы схъомыл уой, уӕд сӕ нӕ фӕхицӕн кӕндзысты, ус ӕмӕ лӕг уыдзысты, - ууыл ард бахордтой. Чызгыл ном сӕвӕрдтой – Зӕлда, лӕппуйыл та – Хъази.
Уыцы рӕстӕджы Зарбеджы ыскодтой Хъуды комӕн хицауӕй. Иу бон Зарбег Сохты хъӕумӕ бегара кӕнынмӕ бацыди ӕмӕ Кудзаны хӕдзары дуармӕ фӕлӕууыд. Зӕлда хӕдзары дуармӕ тын уӕфта, Зарбег чызгӕн салам радта.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0