Харебаты уынджы аварион хæдзары цæрджытæн самайдзысты бирæфатерон хæдзар – Цхинвалы мэри

© Sputnik / Ада БагианХаребаты уынджы аварион хæдзар
Харебаты уынджы аварион хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik. Харебаты Исахъы уынджы аварион хæдзæртты цæрджытæн Цхинвалы самайдзысты бирæуæладзыгон хæдзар, арæзтад райдайдзæн 2024 азы уалдзæджы. Уый тыххæй дзырдæуыд аварион хæдзæртты цæрджыты фембæлдыл мэр Хуыгаты Ромео æмæ йæ фыццаг хæдивæг Зозиты Эдуардимæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.
Фембæлдыл æрныхас кодтой цæрджыты рæстæгмæ æрцæрын кæныны фарстытыл, æркастысты бирæуæладзыгон хæдзары альтернативон амайыны бынæттæм.

"Ног цæрæнуат самайыны хъуыддаг æххæст кæндзысты 2023-25 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Хæдзар райдайын амайын нывæсты ис фидæн уалдзæджы, эксплуатацимæ та йæ хъуамæ радтой 2025 азы фæудмæ", - банысан кодтой мэрийы.

Горæты мэр байхъуыста цæржыты фæндиæгтæм æмæ банысан кодта, фарст скъуыдздзаггонд кæй æрцæудзæн хицауадимæ иумæ.
© Photo : Пресс-служба мэрии г. ЦхинвалХаребаты уынджы аварион хæдзары цæрджыты фембæлд мэримæ
Жильцы аварийных домов на улице Исака Харбова на встрече с мэром Цхинвала  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2023
Харебаты уынджы аварион хæдзары цæрджыты фембæлд мэримæ
Ног хабӕртты лентӕ
0