Хуссар Иры ауадздзысты Транскамы капиталон цалцæг, куыстытæм бавналдзысты майы

© Пресс-служба АМС Владикавказа.Фæндæгты цалцæг
Фæндæгты цалцæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Фæндагон службæ нывæнды майы райдайæны бавналын Трнаскавказы автомагистралы хуссарирыстойнаг фадыджы капиталон цалцæгмæ – Цхинвалæй Ручъы тоннелы онг, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитет.
"Æнæмæнгхъæугæ фæндагон техникæ ракæндзысты Транскаммæ. Республикон нысаниуæджы фæндаг æнæхъæгæй сцалцæг кæндзысты, Дзомагъы хъæуæй тоннелы онг фадыгыл та ногæй сæвæрдзысты асфальт. Фæндаджы тæссаг бынæтты сæвæрдзысты парапеттæ", - банысан кодтой Комавтодоры пресс-службæйы.
Уый размæ инспекцион балцы фæлгæтты Дзауы районмæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахæс кодта Комавтодорæн æркæнын æмбæлон уагмæ зæйты ныхмæ галерей.
Ног хабӕртты лентӕ
0