Хуссар Иры президент раарфæ кодта Федералон Æмбырды палатæты разамонджытæн

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæПаддзахадон Думæ
Паддзахадон Думæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Советы сæрдар Валентина Матвиенко æмæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володинæн уæрæсейаг парламентаризмы Боны цытæн.
"1906 азы 27 апрелы, Паддзахадон Думæ куы райдыдта йæ куыст, уæд райдыдта змæлд Уæрæсейы ног социалон-экономикон æмæ политикон принциптæм. Абоны бон Федералон Æмбырды дыууæ палатæйы архайд дæр здæхт у эффективон нормативон-барадон базæйы арæзтадмæ", - ныффыста президент йæ телы Федерацийы Советы сæргълæууæгмæ.
Гаглойты Алан йæ арфæйы уæрæсейаг парламенты дæллаг палатæйы разамонæг Вячеслав Володинмæ бахахх кодта, рацæугæ рæстæг кæй равдыста ацы историон цауы ахсджиагдзинад бæстæйæн.
Уæрæсейаг парламентаризмы бон нысан цæуы 27 апрелы. Бæрæгбон сфидар кодтой федералон закъонæй, кæцы бафыста президент 2012 азы 27 июны. Ацы бон 1906 азы йæ куыст райдыдта Паддзахадон Думæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0