Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 1 ХАЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 1 ХАЙ
Рафыссын
Йе ’гънæджытæ æвæргæ Джанаспи рауади йæ уатæй, бакасти хæдзары дуарæй æмæ, тигъмæ лæугæйæ, бадзырдта:
— Ам дæ цы, усай?
— Мæнæ, цы кæныс? — райхъуысти хъæлæс. Уый уыди Джанаспийы ус Фатымæ. Джанаспи, фыдæлты æгъдæуттыл хæст адæймаг, номæй нæ хуыдта йæ усы, дзырдта йæм афтæ: "мæнæ ус", "усай".
— Аходæнафон нæм уыдзæн Баботы Дудар, суды лæг... Дзæбæх истытæ ацæттæ кæн — фæлмæн сойфыхтæ, гогыз, хорз арахъ, кæд ма дзы бæгæны аззади, уæд уый дæр... Æз дургæнджыты абæрæг кæнон, лæппуйы бар сты, æмæ сæ куыст куыд цæуы, чи зоны. — Æгънæджытæ æвæрд фæци, бауади фæстæмæ уатмæ.
Рæстæмбис — йæ ас, бæзæрхыг, саулагъз, саухил, зачъе — цыбыр æлвыд, рихитæ — зæбул сæхи уагæй, — йæхи-иу куы рацарæзта Джанаспи, уæд чи сдзырдтаид ахæммæ æдзытæй, æмæ, æцæгдæр, аргъ ын уыди хъæубæсты.
Иу-æртæ минуты фæстæ Джанаспи рауади фæстæмæ бæлццонарæзтæй — дард балцы нæ цыди, æрмæст хъæуы сæрмæ, йæ дургæнæнмæ, фæлæ уый æнæ ифтонгæй никæд цыди хъæуы уынгты дæр, — зыдта, цас фылдæр ахады адæймаг адæмы цæсты, нывыл дарæсы куы вæййы, уæд. Гъе ныр дæр афтæ ифтонгæй рацыди Джанаспи, афæлгæсыди арвыл æмæ ахызти кæрты дуарæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0