Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад цæттæ кæны Уæлахизы парадмæ

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад цæттæ кæны Уæлахизы парадмæ
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад цæттæ кæны Уæлахизы парадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад цæттæ кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 78-æм афæдзы боны цытæн парадмæ. Тренировкæтæ цæуынц оперативон дæлхайады хистæр Гæбæраты Гамлеты къухдариуæгады бын.
"Тренировкæты хайад исынц Хъахъхъæнынады министрад, мидхъуыддæгшты министрад, Уæлвæткон уавæрты министрад, Æфхæрдтæ æххæст кæныны дæлхайад, 4-æм гвардейон æфсæддон уæрæсейаг базæйы парадон къордтæ, афтæ ма кадеттæ", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Парадон къордты цæттæкæнынад басгæрста хъахъхъæнынады министра Марат Павлов. Нысангонд æрцыд, генералон репетицитæ кæй ацæудзысты театралон фæзуатыл 4 æмæ 5 майы, 7 майы та дзы хайад исдзæн æфсæддон техникæ дæр.
© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад цæттæ кæны Уæлахизы парадмæ
В Министерстве обороны продолжаются тренировки к параду Победы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2023
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрад цæттæ кæны Уæлахизы парадмæ
Ног хабӕртты лентӕ
0