https://sputnik-ossetia.com/20230428/khussar-iry-prezident-rbalasta-gumanitaron-uarg-so-zonm-22900310.html
Хуссар Иры президент æрбаласта гуманитарон уаргъ СÆО зонæмæ
Хуссар Иры президент æрбаласта гуманитарон уаргъ СÆО зонæмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта ирон хæстонты Мелитополы æмæ æрласта гуманитарон уаргъы радон парти 4-æм... 28.04.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-04-28T10:02+0300
2023-04-28T10:02+0300
2023-04-28T10:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/1b/22897546_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_458d1b2d30c636b4e97bd3563b2520da.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта ирон хæстонты Мелитополы æмæ æрласта гуманитарон уаргъы радон парти 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддонтæн, бархионтæн батальонтæ "Алания" æмæ "Шторм"-æй. Уый тыххæй фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Босыкты Наталья.Уый банысан кодта, гуманитарон уаргъы сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæн ис техникон фæрæзтæ – квадрокоптертæ, тепловизортæ, рацитæ, генератортæ, афтæ ма фыццаг æнæмæнгхъæугæ æрмæджытæ – хæлцадон продукттæ, дон, æфсæддон дарæс, пецтæ æмæ афтæ дарддæр.Афтæ ма Гаглойты Алан радта 4-æм æфсæддон базæйы дæлхайæдтæй иуæн йæхи сæрмагонд хæдтулгæ.Хæстонтæ хорз райстой президенты, бузныг ын загътой иудадзыг æххуысы тыххæй. Уыдон бахахх кодтой, дарддæр эффективонæй кæй æххæст кæндзысты сæ хæстон хæслæвæрдтæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/1b/22897546_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_d7d2b699044b9e6d8d933c2109fa7e12.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Хуссар Иры президент æрбаласта гуманитарон уаргъ СÆО зонæмæ
ЦХИНВАЛ, 28 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта ирон хæстонты Мелитополы æмæ æрласта гуманитарон уаргъы радон парти 4-æм æфсæддон базæйы æфсæддонтæн, бархионтæн батальонтæ "Алания" æмæ "Шторм"-æй. Уый тыххæй фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Босыкты Наталья.
Уый банысан кодта, гуманитарон уаргъы сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæн ис техникон фæрæзтæ – квадрокоптертæ, тепловизортæ, рацитæ, генератортæ, афтæ ма фыццаг æнæмæнгхъæугæ æрмæджытæ – хæлцадон продукттæ, дон, æфсæддон дарæс, пецтæ æмæ афтæ дарддæр.
"Уый у гуманитарон æххуысы дыккаг егъау парти президентæй. Уымæй дарддæр, президент иудадзыг æххуыс кæны хæстонтæн. Паддзахады сæргълæууæгæн ис бастдзинад хæстонтимæ æмæ дырысæй зоны, цы зындзинæдтæ сын вæййы фронты æмæ сæ иууыл фылдæр цы хъæуы. Президент йæхæдæг æрласта гуманитарон æххуыс, цæмæй æрныхас кæна бархионтæ æмæ æфсæддонтимæ. Уый у ахсджиаг хæстонтæн", - загъта Босыкты Наталья.
Афтæ ма Гаглойты Алан радта 4-æм æфсæддон базæйы дæлхайæдтæй иуæн йæхи сæрмагонд хæдтулгæ.
"Президентæн фехъусын кодтой, СÆО зонæйы хайадисæг хæстонты кæй хъæуы "пикап" хæдтулгæ дизелон æртагыл, цæмæй хæстæрмæджытæ æмæ æндæр æфсæддон уаргъ ласой фронтмæ. Паддзахады сæргълæууæг аскъуыддзаг кодта раттын æфсæддонтæн йæхи хæдтулгæ. Дæлхайады къухдариуæгад бузныг загъта Гаглойты Аланæн æххуысы тыххæй", - загъта пресс-секретарь.
Хæстонтæ хорз райстой президенты, бузныг ын загътой иудадзыг æххуысы тыххæй. Уыдон бахахх кодтой, дарддæр эффективонæй кæй æххæст кæндзысты сæ хæстон хæслæвæрдтæ.