Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæн ахизыны фæтктæм бахастой ивындзинæдтæ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæн ахизыны фæтктæм бахастой ивындзинæдтæ
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæн ахизыны фæтктæм бахастой ивындзинæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) барад æххæст кæныны процедурæтæ оптимизаци кæнынæн бахаста ивындзинæдтæ Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæнтæ ахизыны тыххæй.
"2023 азы 26 апрелы бахастæуыд ивындзинæдтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2011 азы 15 февралæй № 26 барамындмæ "Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæн ахизыны фæхуымæтæгдæргонд фæтк"-мæ", - дзырдæуы Хуссар Ирыстоны ПÆК хъусинаджы.
Банысангонд æрцыд, уадзæн гæххæттыты ног фæтк бакодтой Чысангом æмæ Синагур-Карзманы зонæйы цæрджытæн.

"Документты фидаргонд комплект лæвæрд цæуы Ленингоры æмæ Дзауы районы администрацимæ, кæцы сæ арвиты РХИ ПÆК. Сгарæн куыстыты фæстиуæгæн ПÆК арæнгæрон службæ саразы уадзæн гæххæт хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæнæн", - бахахх кодтой уагдоны.

Уый фæстæ уадзæн гæххæт æрвыст цæуы æмбæлон районы администрацимæ, цæмæй йæ расидæгмæ радтой.
Комитеты цæрджыты хъусдард здæхын кæнынц, хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæн ахизынæн уадзæн гæххæт арæзт кæй цæуы æрмæстдæр Арæнгæрон службæйæ. Уыимæ иумæ районы администрацитæ æххæст кæнынц æрмæстдæр æмбæстæгтæй æнæмæнгхъæуæг документты комплектты райст æмæ цæттæ уадзæн гæххæттыты ралæвæрд.
Ног хабӕртты лентӕ
0