Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 2 ХАЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 2 ХАЙ
Рафыссын
Хорз-иу куы зыдта Джанаспи йæ хæсджыны, зæгъгæ, мæнæ уый сабыр адæймаг у, йæ вексыл ын куы баурома, дыккаг хатт дзы куы бацагура йæ хæс, уæд ын батайдзæн, зæгъгæ, æрмæст-иу ахæм хæттыты урæдта йæхимæ вексылтæ.
"Ау, нæ мыл æууæндыс? Бацагурдзынæн дын дæ вексыл æмæ дын æй ратдзынæн". Афтæ-иу дзырдта Джанаспи йæ хæсджынтæн, афтæмæй-иу æм бонæй-бонмæ баззади вексыл.
Кæддæр æгъгъæд уыди хуымæтæджы дзырд раттын, лæдзæгыл уыгард æркæнын — уыдон гæххæттыл фидардзинадæй фидардæр уыдысты, адæм æууæндыдысты кæрæдзиуыл, фæлæ капитализм куы бабырста ирон цардмæ, уæд ма æрмæст Теблойты Темболаты хуызæттæм аззади рагон æфсарм, рагон æууæнк. Джанаспи æхца куы райста Темболатæй æмæ йын куы загъта: "Ныр мæ не ’вдæлы, фæлæ дын райсом ацагурдзынæн дæ вексыл æмæ дын æй ратдзынæн", уæд ыл Темболат баууæндыди æмæ æнцад-æнцойæ ацыди йæ хæдзармæ.
Бонæй-бонмæ баззади вексыл, Темболатæй рох дæр ма фæци, — цы дзы кæна, цы хъауджыдæр ис, йæхæдæг аскъуыдта вексыл, кæнæ йæ Джанаспи аскъуыдта. Темболатмæ ног царды, капиталистон уавæры царды тæфаг нæма бахъардта, æмæ йыл Джанаспи гадзрахатæй рацыди. Фæлæ Джанаспийыл ацы хатт рæдыд æрцыди, — уый хорз нæ зыдта Темболаты, — уæлæ кæмдæр хъæуы сæр царди, æмбæлгæ дæр кæрæдзиуыл арæх нæ кодтой, нæ зыдта Джанаспи, Темболатмæ ма фыдæлты зæрдæйы дæрзæгдзинад кæй баззади, æмæ йыл лæдзæджы дзæхстытæ дæр уый тыххæй æруади.
Ног хабӕртты лентӕ
0