Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 3 ХАЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 3 ХАЙ
Рафыссын
Магазин аразыны бæсты Джанаспи йе ’хцатæ, йæ зынаргъ дзауматæ дурынты бафснайдта, дурынты хъуыртæ хорз сæхгæдта, резинæйы сыфæй сæ балвæста æмæ сæ цæхæрадоны арф баныгæдта. Æххуыс ын кодта Хасанбег, ууыл алцæмæй дæр æууæндыд. Уыцы рæстæджы Фатымæ æмæ Чермен та цæйдæр æфсон æрвыст уыдысты æндæр хъæумæ — Джанаспийы хъуыдымæ гæсгæ, Фатымæ, куыд сылгоймаг, сусæгдзинад бавæрын нæ бафæрæзтаид. Чермен та, чи йын цы зоны, цы дзы рацæудзæн, — нæ йыл æууæндыди.
Уый фæстæ Джанаспи магазины хатæнты цæвæрдта ницæйаг, æнæхъæугæ дзауматæ æмæ цæрынтæ байдыдта æнæзынгæ цардæй, пайдайы тыххæй фыццагау риуыгъдтытæ нал кодта. Уалынмæ 1920 аз ралæууыди æмæ уæд Джанаспи иудадзыг æрсабыр кодта йæхи, иуты фарс дæр нæ лæууыди, иннæты фарс дæр, йæхи ныхъхъус кодта, фæлæ сусæгæй йæ дæндæгты къæс-къæс цыди. Æппындæр æхца пайдайыл нал лæвæрдта, цы дыууæ æххуырсты йæм уыди, уыдон дæр ауагъта.
НЭП-ы рæстæджы та базаргæнджытæ, хъавгæ-хъавгæ, сæ дуканитæ, сæ ресторантæ, кондитеронтæ, æрмадзтæ гом кæнын байдыдтой, фæлæ сын фыццаджы вывескæтæ нал уыди, фæзынди сыл æндæртæ, алкæуыл дæр дзы фыст уыди: "хи къухты фæллой", кæнæ "æнæ æххуырстытæй æрмадз", кæнæ "хи куыст". Афтæ буржуази кæлмгæсагау цъыгъгъуыттытæ кодта революцийы къухты ’хсæн, йæ цард фервæзыныл архайдта. Фадат уыди уæд Джанаспийæн дæр дукани байгом кæнынæн, фæлæ нæ байгом кодта. "Фидар нæу хъуыддаг, фидар нæу хъуыддаг", — афтæ хъуыды кодта хинымæры.
Ног хабӕртты лентӕ
0