Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 4 ХАЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 4 ХАЙ
Рафыссын
Кæсы Джанаспи цæуджытæм, рухсдзæсгом колхозонтæм (салам зæгъынц кæрæдзийæн), акæсы сæ фæдыл:
— Кæс-ма, дæлæ уый дæр гæвзыккæй марди, ныр хъал цыд фæкæны.
Уæлдай хъыг вæййы Джанаспийæн, Ислам йæ мыдхуыз зачъе тымбыл æлвыд куы акæны, йæхи куы рацаразы, уæздан цыдæй куы рацæйцæуы йæ рæзты æмæ зынæрвæссон хъæлæсæй куы ’рбадзуры:
— Дæ бон хорз, Джанаспи!
"Барæй афтæ дары йæхи мемæ, ома, ды уыдтæ, ныр та æз дæн, — фæзæгъы хинымæры Джанаспи. — Мæгуырæй йæ хъиу-хъиу цыди, ныр æм кæсыс — ныхъхъал ис... фæлæуу... бирæ нæ фæцæудзынæ афтæ, — цы ран уыдтæ, уыцы ран та дæ тъæпп фæцæудзæн".
Исламы ус Сона патефон гом рудзынджы дæлвæйнæгыл куы æрæвæры æмæ йæ куы баифтындзы, уæд Джанаспи йæ уаты рудзгуытæ æхгæнынмæ фæвæййы. Йæ фырт Черменæн та уый хъыг у — уый уарзы патефоны цагъд.
— Цæмæн æхгæныс рудзгуытæ? — афарста иу хатт йæ фыды, — патефоны цагъд хорз куы у.
— Нæ йæ уарзын æз, — загъта Джанаспи.
Уымæй мæнг дзырдта, уарзгæ кодта патефоны цагъд, фæлæ йæхимæ кæй нæй, уый йын хъыг уыди, стæй йæм афтæ касти, цыма Сона барæй æрцаразы патефон рудзынджы дæлвæйнæгыл, мæнæ, зæгъгæ, сымахмæ нæй, махмæ ис.
Ног хабӕртты лентӕ
0