Дзæуджыхъæуы тестон режимы скусын кодтой фонтантæ

© Photo : "15-й Регион"Дзæуджыхъæуы тестон режимы скусын кодтой фонтантæ
Дзæуджыхъæуы тестон режимы скусын кодтой фонтантæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мая — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы 1 майы тестон режимы скусын кодтой фонтантæ. Боныгъæды тыххæй сæ куыст ныхдуртыл сæмбæлд. Уый тыххæй хъусын кæны 15 Регион.

"Къæвдайы фонтантæ нæ фæкусынц, уый тыххæй сæ баиу кодтой æрмæст чысыл рæстæгмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Банысангонд æрцыд, фонтантæ бæстонæй кæй цæттæ кæнынц сæрды сезонмæ . Ифтонгад цалцæггонд цæуы, сыгъдæг кæнынц фонтанты æддагон элементтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0