Хуссар Иры президент хайад райсдзæн Кавказаг инвестицион равдысты

© Sputnik / Natalia AiriyanГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад райсдзæн фыццаг Кавказаг инвестицион равдысты, кæцы ацæудзæн Минводты 3-4 майы.
Паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Гаглойты Алан хайад райсдзæн мадзалы баконды æмæ пленарон сессийы, афтæ ма ауадздзæн равдысты фæлгæтты политиктимæ фембæлдтæ.
Нысангонд æрцыд, равдыст кæй ææмбырд кæндзæн сæйраг инвесторты, инвестпроектты инициаторты, райрæзты институтты, банкты æмæ Цæгат Кавказы регионты къухдариуæгады.
Хуссар Ирыстоны делегацийы сконды сты хицауады сæрдар Джуссойты Константин, хицауады сæрдары хæдивæг – экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат, хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Таймураз Гогинов.
Ног хабӕртты лентӕ
0