https://sputnik-ossetia.com/20230502/kotsoyty-arsen-dzhanaspi-5-khay-22747807.html
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 5 ХАЙ
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 5 ХАЙ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Колхозон фæсивæдæй йыл дзырдтой чидæртæ, фæлæ уый ныфс никæмæн лæвæрдта. Кæмæ æнхъæлмæ касти, уый рабæрæг ис чысыл фæстæдæр. 02.05.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-05-02T10:50+0300
2023-05-02T10:50+0300
2023-05-02T10:50+0300
коцойты арсен.уацмыстæ
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/15/22747575_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_215db9b969921600be272ea2f81cc9a5.png
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 5 ХАЙ
Sputnik Хуссар Ирыстон
КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 5 ХАЙ
Колхозон фæсивæдæй йыл дзырдтой чидæртæ, фæлæ уый ныфс никæмæн лæвæрдта. Кæмæ æнхъæлмæ касти, уый рабæрæг ис чысыл фæстæдæр.Чермен бамбæрста, æнæ Тамарæйы цæрын кæй нæ бафæраздзæн, уый. Чызгыл дзурджытæ куы фæзынди, уæд лæппу старсти, йæ уарзон æндæр искæй хай куы фæуа, уымæй æмæ арæхдæр цæуын байдыдта колхозы куыстытæм. Тамарæйы бригадæ кæм куыста, йæ цыд-иу уырдæм уыди. Хъыгдаргæ нæ кодта кусджыты, фæлæ сын-иу æххуыс дæр акодта. Тамарæимæ аныхас кæнын ын-иу куы бантысти, уæд-иу цинæй марди. Иу хатт йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йын загъта:— Тамарæ, мæ удæй дæ фылдæр уарзын. Нал фæразын æнæ дæу цæрын. Кæд дын æнад нæ дæн, уæд нæ цард баиу кæнæм.Тамарæ йæ сау цæстытæ зæххы ацавта æмæ дзæвгар хъусæй алæууыди, стæй, иуварсмæ кæсгæйæ, сындæг сдзырдта:— Чермен, уарзын дæ æз дæр. Разы дæн мæ цард дæ цардимæ баиу кæныныл, фæлæ цæмæй цæрдзыстæм, — колхозы куы нæ стут сымах? Иу хатт балæвæрдтат гæххæтт æмæ уæ нæ айстой. Авзарын хъæуы ноджыдæр, чи зоны, кæд уæ ныр айсиккой, фыццаджы хуызæн карз цæстæнгас нал ис хъуыддагмæ... Кæд уæ айсой, уæд разы, уæд нæ фæнд æххæст кæндзыстæм. Кæд уæ нæ айсой, фæлтау афтæ баддзынæн. — Дзырд куы фæци, уæд комкоммæ бакасти Черменмæ, — стыр адæргæдзинад зынди лæппуйы цæсгомыл. Йæ фындзы бын гыццыл рихи схъаудта æмæ æнæбæрæг кæдæмдæр касти.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/04/15/22747575_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_3449ccf99f3320e7b7eeaec92dae1ed9.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Колхозон фæсивæдæй йыл дзырдтой чидæртæ, фæлæ уый ныфс никæмæн лæвæрдта. Кæмæ æнхъæлмæ касти, уый рабæрæг ис чысыл фæстæдæр.
Чермен бамбæрста, æнæ Тамарæйы цæрын кæй нæ бафæраздзæн, уый. Чызгыл дзурджытæ куы фæзынди, уæд лæппу старсти, йæ уарзон æндæр искæй хай куы фæуа, уымæй æмæ арæхдæр цæуын байдыдта колхозы куыстытæм. Тамарæйы бригадæ кæм куыста, йæ цыд-иу уырдæм уыди. Хъыгдаргæ нæ кодта кусджыты, фæлæ сын-иу æххуыс дæр акодта. Тамарæимæ аныхас кæнын ын-иу куы бантысти, уæд-иу цинæй марди. Иу хатт йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йын загъта:
— Тамарæ, мæ удæй дæ фылдæр уарзын. Нал фæразын æнæ дæу цæрын. Кæд дын æнад нæ дæн, уæд нæ цард баиу кæнæм.
Тамарæ йæ сау цæстытæ зæххы ацавта æмæ дзæвгар хъусæй алæууыди, стæй, иуварсмæ кæсгæйæ, сындæг сдзырдта:
— Чермен, уарзын дæ æз дæр. Разы дæн мæ цард дæ цардимæ баиу кæныныл, фæлæ цæмæй цæрдзыстæм, — колхозы куы нæ стут сымах? Иу хатт балæвæрдтат гæххæтт æмæ уæ нæ айстой. Авзарын хъæуы ноджыдæр, чи зоны, кæд уæ ныр айсиккой, фыццаджы хуызæн карз цæстæнгас нал ис хъуыддагмæ... Кæд уæ айсой, уæд разы, уæд нæ фæнд æххæст кæндзыстæм. Кæд уæ нæ айсой, фæлтау афтæ баддзынæн. — Дзырд куы фæци, уæд комкоммæ бакасти Черменмæ, — стыр адæргæдзинад зынди лæппуйы цæсгомыл. Йæ фындзы бын гыццыл рихи схъаудта æмæ æнæбæрæг кæдæмдæр касти.