00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Ирон эфир
09:30
3 Мин
Главыне темы
12:00
4 Мин
Главыне темы
12:30
4 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
О главном на Спутнике
17:56
3 Мин
Утро на Спутнике
Поставки СПГ из России в Китай в ноябре достигли максимума за три года
09:04
0 Мин
Утро на Спутнике
В Цхинвале может состояться международный театральный фестиваль имени Антона Чехова: Дзагоева
09:34
28 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3
Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 6 ХАЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 6 ХАЙ
Рафыссын
Ныхас цыди дарддæр афтæ:
Джанаспи: Ды дзы, уæдæ, ницы фехъуыстай æвзæрдзинадæй, фæлæ дзы æз фæхъуыстон. Уый чызг дæр нал у — хæрз æнаккаг сси.
Фатымæ: Дæ хорзæхæй, чи дын дзырдта? Дæлæ Саукуыдз уыдаид... Æмæ уый дзырдæн аргъ ис? Уый йæ мæнæн дæр дзырдта... Бын бауа! Йæ бакаст сахъ лæг, йæ конд — конд, йæ уынд — уынд, афтæмæй номылусы койтæгæнгæ цæуы. Уæдæ ’мæ йæхæдæг чъизи чи вæййы, ахæм фæуарзы æндæрты чъизи кæнын.
Джанаспи: Ныууадз, дæ хорзæхæй. Сыгъдæджытæй сыгъдæгдæр куы уа Тамарæ, уæддæр æй æз мæ хæдзармæ не ’рбауадздзынæн.
Фатымæ: Чермен дæумæ нæ уæнды...
Джанаспи: Уæдæ-ма æрбауæндæд — æз ын йæ рагъ ныххойон. Искуы-ма уый æрцыди, æмæ фырт йæ фыдмæ ус курыны тыххæй уæнда?
Фатымæ: Хорз... хорз. Æмæ дæм куы нæ уæнды, æз дæр уый куы дзурын.
Джанаспи: Æниу уый тыххæй демæ ныхас кæныныл куыд схæцыди... Галиугæнæг ды дæхæдæг дæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0