Транскам гом у автотранспорты змæлдæн

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мая — Sputnik, Гæбæраты Элина. Транскавказаг автомагистралль кусы штатон режимы, фехъусын кодтой Sputnik-æн Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ).
"Дуркалды фæдыл хъусинæгтæ хæдтулгæты шофыртæй дæр нæй", - банысан кодтой министрады.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй фæстаг бонты дæргъы трассæ цалдæр хатт сæхгæдтой æвзæр боныгъæд æмæ æдас ацæуæн сæххæст кæныны фадат кæй нæ уыд, уый тыххæй.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0