https://sputnik-ossetia.com/20230502/tsgat-iry-fondz-tsrdzhy-zian-bayyftoy-mng-bankirty-22974015.html
Цæгат Иры фондз цæрæджы зиан баййæфтой мæнг банкиртæй
Цæгат Иры фондз цæрæджы зиан баййæфтой мæнг банкиртæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik. Цæгат Ирыстоны мæнг банкиртæ расайдтой республикæйы цæрджытæй фондзæй 2 000 000 сомæй фылдæр. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ... 02.05.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-05-02T16:25+0300
2023-05-02T16:25+0300
2023-05-02T16:25+0300
цӕгат ирыстон
фыдракӕндтӕ
ног хабӕрттӕ
цæгат ирыстоны мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/06/20346920_0:161:3060:1882_1920x0_80_0_0_7b4fe61e6bb7838d28e42a138b0ccad0.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik. Цæгат Ирыстоны мæнг банкиртæ расайдтой республикæйы цæрджытæй фондзæй 2 000 000 сомæй фылдæр. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.Цæстфæлдахджытæ баууæндын кодтой сæхиуыл æмбæстæгты æмæ сын саразын кодтой æндæр хыгъд, бауырнын сæ кодтой, уыцы хыгъды фæрцы се ᾿хцайы фæрæзтæ кæй бахъахъхъæндзысты.Ацы фактмæ гæсгæ сцырын кодтой уголовон хъуыддаг. Ныры рæстæджы бæрæггонд цæуынц хъуыддаджы аххосджынтæ æмæ сæ бынат.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/06/20346920_170:0:2891:2041_1920x0_80_0_0_737438b995d61556ae87f7175eedee05.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, фыдракӕндтӕ, ног хабӕрттӕ, цæгат ирыстоны мхм
цӕгат ирыстон, фыдракӕндтӕ, ног хабӕрттӕ, цæгат ирыстоны мхм
Цæгат Иры фондз цæрæджы зиан баййæфтой мæнг банкиртæй
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik. Цæгат Ирыстоны мæнг банкиртæ расайдтой республикæйы цæрджытæй фондзæй 2 000 000 сомæй фылдæр. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Цæстфæлдахджытæ баууæндын кодтой сæхиуыл æмбæстæгты æмæ сын саразын кодтой æндæр хыгъд, бауырнын сæ кодтой, уыцы хыгъды фæрцы се ᾿хцайы фæрæзтæ кæй бахъахъхъæндзысты.
"Æрбадзурджытыл баууæндгæйæ, зианбаййафджытæ инструкцитæм гæсгæ бакодтой ног хыгъдтæ, уырдæм ракодтой се ᾿хцатæ. Операцийы фæстæ мæнг банкиртæ ахицæн кодтой бастдзинад, ног хыгъдты бæрæггæнæнтæ нал фехъусын кодтой", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ацы фактмæ гæсгæ сцырын кодтой уголовон хъуыддаг. Ныры рæстæджы бæрæггонд цæуынц хъуыддаджы аххосджынтæ æмæ сæ бынат.