Газет "Республикӕ"-йы коллективӕн балӕвар кодтой ноутбук

© Sputnik / Наталья АйриянГазет "Республикӕ"
Газет Республикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Газет "Республикӕ"-йы коллективӕн балӕвар кодтой оргтехникӕ ӕмӕ раарфӕ кодтой газеты фыццаг номыры рацыды тыххӕй.
Ӕртыццӕджы редакци бабӕрӕг кодта президенты администрацийы хистӕры хӕдивӕг Цоциты Анна. 29 апрелы мыхуыры фӕрӕзыл сӕххӕст 28 азы.
"Ис уын тынг ӕнгом коллектив, ис уын бӕрзонд куысты ӕмвӕзад. Газетӕн ис ӕдзух фӕрсджыты аудитори, кӕцы ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы газеты рацыдмӕ", - загъта Цоциты Анна.
Газеты сӕйраг редактор Хъоцыты Андрей бафиппайдта, фыццаг хатт ахӕм хъусдард коллективмӕ кӕй ис хицауады 'рдыгӕй.
"Мах алкӕддӕр архайӕм нӕ адӕмы хӕрзӕбонӕн. Фыссӕм истори ӕмӕ ныры проблемӕтыл. Хатгай нӕ хъуыдытӕ газеты фӕлгӕттӕй дӕр ахизынц ӕмӕ паддзахадон ӕмвӕзадыл ӕрцӕуынц ӕххӕст", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0